филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:49 воскресенье, 28 апреля 2024
13 февраля 2013, 17:22
Ахст адæмы уавæртыл абон æрныхас кодтой æхсæнадон цæстдарæг къамисы æмæ æфхæрдтытæ æххæстгæнæг федералон службæйы цур æхсæнадон советы уæнгтæ

Уыдон бабæрæг кодтой, ахст адæмы карз уавæрты кæм дарынц, уыцы коллони.

Ахст адæмы уавæртыл абон æрныхас кодтой æхсæнадон цæстдарæг къамисы æмæ æфхæрдтытæ æххæстгæнæг федералон службæйы цур æхсæнадон советы уæнгтæ, дохтыртæ æмæ юристтæ.
 
Уыдон бабæрæг кодтой, ахст адæмы карз уавæрты кæм дарынц, уыцы коллони. Тæрхон кæмæн скодтой, уыдонимæ аныхас кодтой пенситы æмæ сæ куысты бынæттæй сифтонг кæныныл. Кæд раздæр паспорттæ лæвæрдтой, ахæстоны бадыны æмгъуыд кæмæн фæци, уыдонæн, уæд ныр документтæ дæтдзысты, бадгæ чи кæны уыдонæн дæр. Ахæм фембæлдтытæ арæзт æрцæуынц афæдз дыууæ хатты æмæ дзы алыг кæнынц, Уæрæсейы закъон кæуыл æххæсы, уыцы фарстатæ.

Дзебойты Хазби, æхсæнадон советы уæнг: «Раздæр-иу куы æрбацыдыстæм, уæд-иу бæрæг уыди, ам закъонтæ раст кæй не ‘ххæст кæнынц, уый. Ныр хъуыддаг аивта. Абон дæр сæм байхъусдзыстæм, цы сæ тыхсын кæны, æмæ сæм цы нысантæ ис, уыдоны тыххæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania