филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:06 понедельник, 15 декабря 2025
06 февраля 2014, 17:38
Ахуырад æмæ наукæйы министрады хатдзæгтæ скодтой, программæ «доступная среда» куыд æххæстгонд цыд, уымæн

Иумæйаг ахуырад æмæ сывæллæтты социалон хъахъхъæнынады хайады хицау Черчесты Светланæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ нæ республикæйы ис 253.

Ахуырад æмæ наукæйы министрады хатдзæгтæ скодтой, программæ «доступная среда» куыд æххæстгонд цыд, уымæн.

Иумæйаг ахуырад æмæ сывæллæтты социалон хъахъхъæнынады хайады хицау Черчесты Светланæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ нæ республикæйы ис 253. æмæ программæйы фæрцы се ппæтæн дæр фадат ис зонындзинæдтæ исынæн. Алы районы, стæй Дзæуджыхъæуы скъолаты арæзт æрцыдысты сæрмагонд фæзуаттæ. Сифтонг сæ кодтой, цæмæй йæ астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, æвзæр чи уыны, кæнæ чи хъусы, уыдон дзы сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй. Ахæм скъолатæ нæ республикæйы ис 15. Уымæй уæлдай республикæйы районты цæры, йæ бон цæуын кæмæн нæу, ахæм сабитæ дæр, æмæ уыдонимæ дæр интернеты фæрцы кусынц ахуыргæнджытæ.

Тотраты Владислав, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг: «Цы хæдæзртты цæрынц, уырдæм бауагътам интернет. Æмæ сын интернеты фæрæзтæм гæсгæ ахуыргæнджытæ уроктæ дæттынц. Мæнмæ гæсгæ уый хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ паддзахад хъуамæ лæмбынæг кæса ахæм сывæллæттæм æмæ сын фæрæзтæ араза, цæмæй сæ бон ахуыр кæнын уа. Дыккаг та райстам, 14 азы цы бæрнон куыст кæндзыстæм, уыцы куыстмæ сарæзтам пълантæ æмæ сæ æххæст кæндзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania