филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
30 сентября 2021, 12:19
Ахуырадон объектты арæзтад куыд цæуы, уый феныны тыххæй Сергей Меняйло абалц кодта Мæздæджы районмæ

Фыццаг объекттæй иу уыд Хъызлары скъола

Ахуырадон объектты арæзтад куыд цæуы, уый феныны тыххæй Сергей Меняйло абалц кодта Мæздæджы районмæ. Фыццаг объекттæй иу уыд Хъызлары скъола. Уыдзæн дзы 500 бынаты. Бæстыхайæ дарддæр дзы нысан кæнынц спортивон фæзтæ, газæй кусæг хъармгæнæн, стæй машинæтæн æрлæууæн бынат саразын. Уымæй дарддæр саив кæндзысты алфамбылай территори дæр. Арæзтады æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй объектт эксплуатацийы раттынмæ хъавынц 2022-æм азы. Уыцы хъæуы ма арæзт цæуы сывæллæтты рæвдауæндон 120 бынатæн. Арæзтадон куыстытæ фæткмæ гæсгæ нæ цæуынц, фæфæстиат сты 2 мæйы онг. Сергей Меняйло уый фæдыл аныхас кодта подрядон организацийы минæвæрттимæ. Уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй сын нæ фаг кæнынц кусджытæ. Æдæппæтæй сæм ис 15 адæймаджы. Республикæйы сæргълæууæг бадомдта, цæмæй ацы къуырийы кæронмæ бацæттæ кæной арæзтады фæтк. Подрядчикы раз æвæрд æрцыд хæс – куыстыты цыд фæтагъддæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania