филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:31 воскресенье, 01 февраля 2026
22 марта 2023, 11:54
Ахуырадон центр «Вершина»-йы арæзт æрцыд сфæлдыстадон проект «Литературон кафе»-йы фыццаг мадзал

Йæ сæйраг нысан – скъоладзауты сфæлдыстадон æмæ зонадон гæнæнтæ парахат кæнын

Ахуырадон центр «Вершина»-йы арæзт æрцыд сфæлдыстадон проект «Литературон кафе»-йы фыццаг мадзал. Йæ сæйраг нысан – скъоладзауты сфæлдыстадон æмæ зонадон гæнæнтæ парахат кæнын. Фыццаг фембæлды темæ уыд «Уырыссаг поэзийы æвзист дуг». Архайдтой дзы скъоладзаутæ, æвзонг фысджытæ æмæ литературон ерысты уæлахиздзаутæ. Уазджыты хсæн – республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ дæр. Ныр литературон кафейы руаджы хъæздыгдæр кæндзысты скъоладзауты зонындзинæдтæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйæ. Мадзалы фæлгæты арæзт цæудзысты сфæлдыстадон изæртæ, театралон равдыстытæ æмæ афтæ дарддæр.  «Литературон кафе» бабæрæг кæнæн уыдзæн мæй иу хатт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania