филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
29 декабря 2021, 13:28
Ахуырады æмæ наукæйы министрады бахыгътой ацы азы куысты хатдзæгтæ

Журналистты фæрстытæн дзуапп радта ведомствæйы разамонæг Алыбекты Эллæ

Ахуырады æмæ наукæйы министрады бахыгътой ацы азы куысты хатдзæгтæ. Журналистты фæрстытæн дзуапп радта ведомствæйы разамонæг Алыбекты Эллæ. Куыд бафиппайдта, афтæмæй сын национ проектты фæрцы рухстауынады министрадимæ ис ахадгæ куысты бæрæггæнæнтæ. Сæйрагдæр та ахуырады куыстуæтты арæзтады, райрæзты æмæ нырыккон инфраструктурæтæ кæныны къабæзты. Фылдæр æргом здæхт цæуы районтæм. Иннæ аз ма хъæуты скъолаты фæнд кæнынц ноджыдæр 22 «Точка роста»-йы байгом кæнын. 3 азмæ сæ нымæц фæфылдæр 60-йы бæрц. Хъæуты скъолаты педагогты ассоциацийы арæзтад фадат ратдзæни иннæ аз системæ фылдæр хъуамæ цæуыл бакуса, ахæм мадзæлттæ сбæрæг кæнын. Ахуырады æмæ наукæйы министрады фыццаградон хæс у, кадрты фæлтæрддзинадыл кусын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania