филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:06 пятница, 05 июля 2024
11 октября 2012, 10:31
Ахуыргæнæджы дæсныйады раздæры кад раздахыныл ныхас цыд республикæйы ахуыргæнджыты ‘хсæн

Ахуыргæнæджы дæсныйады раздæры кад раздахыныл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы æмæ республикæйы ахуыргæнджыты ‘хсæн.

Ахуыргæнæджы дæсныйады раздæры кад
раздахыныл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы æмæ
республикæйы ахуыргæнджыты ‘хсæн.

Æрдзырдтой
алыхуызон фарстатыл. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй
ныртæккæйы ахуырад хъуамæ уа алывæрсыг æмæ цымыдисаг. Нырыккон скъолайы
нæ фаг кæны æрыгон ахуыргæнджытæ. Æмæ æрмæст мызд куы фæфылдæр уа, уæд
фарста лыггонд не рцæудзæн. Æнæмæнг хъæуы ахуыргæнæнджы кад раздахын.
Зæгъæм, Сечеры скъолайы англисаг æвзаджы æрыгон педагог Дреты Марат
уæлдæр скъола каст куы фæци, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Йæ
ахуырдзаутæ цалдæр хатты систы алыхуызон Олимпиадæты уæлахиздзаутæ.
Æмбырды ма стыр æргом аздæхтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ æмæ ирон
æвзаджы рæзтмæ. Уый уæлдай ахсджиаг у фæстаг рæстæг. Цы программæ йын
сарæзтой, уымæ ныртæккæ хæссынц ивддзинæдтæ. Ахуыргæнджыты ма бафæндыд
14-æм октябры æвзæрстытыл аныхас кæнын дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ æвзæрстыты
агъоммæ кампани раст нæ цæуы. Кæронбæттæны Мамсыраты Таймураз загъта,
уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы сахæттæ фæкъаддæр кæныны ныхмæ кæй у.
Уымæн æмæ ацы предметтæ хъæздыг кæнынц скъоладзауты миддуне, æмæ сæ
цæттæ кæнынц фидæнмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania