Ахуыргæнæджы бон бæрæг кæнынц абон дунейы 100 бæстæйæ фылдæры. Кадгæнæн мадзæлттæ цæуынц Цæгат Ирыстоны дæр. Республикæйы скъоладзаутæн зонындзинæдтæ дæттынц 6 мин ахуыргæнæгæй фылдæр.
Ахуыргæнæджы бон бæрæг кæнынц абон дунейы 100 бæстæйæ фылдæры. Кадгæнæн мадзæлттæ цæуынц Цæгат Ирыстоны дæр. Республикæйы скъоладзаутæн зонындзинæдтæ дæттынц 6 мин ахуыргæнæгæй фылдæр.
Сæ профессионалон боны кадæн
Республикæйы сæргъæууæджы, стæй хицауады номæй ахуырады кусджытæн раарфæ
кодта хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Ахуырады сгуыхт кусæджы,
стæй сгуыхт ахуыргæнæджы ном лæвæрд æрцыд 14 адæймагæн. Се ппæт дæр сæ
царды фалдæр хай радтой сывæллæтты ахуыр кæныны хъуыддагæн. Кадджын
мадзалы ма схорзæхджын кодтой æрыгон ахуыргæнджыты конкурсы архайджыты
æмæ уæлахиздзауты.
Сагеты Фатимæ, Лескены скъолайы ирон
æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Стыр бузныг дæн æз, нæ фæллойæн нын
ахæм аргъ кæй скодтой, уымæй. Ахуыргæнæджы бæрæгбо у æппæт адæмы
бæрæгбон дæр у, уымæн æмæ алы адæймаг дæр скъолайæ ракъахдзæф кæны царды
стыр фæндагмæ. Ахуыргæнæджы фæллой æнцон кæй нæу, æмæ афтæ нымайын кæй
райдыдтой, уый тыххæй стыр бузныг. Цы ногдзинæдтæ ис, уыдоныл архайæм,
цæмæй фæсивæд размæ цæуой æмæ ахуыры бæрзæндтæм схизой».
Гуымецъаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы 3-æм
скъолайы историйы ахуыргæнæг: «Сывæллæттимæ куыст у зын, æмæ æвæццæгæн
дæ куыст куы уа дæ фæндаг, уæд алкæимæ дæр ссардзынæ иу æвзаг,
фыццаджыдæр хъуымæ дæ куыст уарзай, сывæллæтты уарзай, æнæ уымæй дæ бон
ницы хуызы уыдзæн семæ кусын».




