филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 суббота, 31 января 2026
04 октября 2025, 09:40
Ахуыргæнæджы боны агъоммæ схорзæхджын кодтой хуыздæр педагогон кусджыты

Кадджын мадзал арæзт æрцыд сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны

Ахуыргæнæджы боны агъоммæ схорзæхджын кодтой хуыздæр педагогон кусджыты. Кадджын мадзал арæзт æрцыд сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны. Архайдта дзы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ахуыргæнджытæн раарфæ кодта æмæ загъта, бæстæйы æмæ республикæйы фидæн аразыны ахсджиаг бынат кæй ахсынц, уый. Сæрмагонд арфæ ракодта фæллойы ветерантæн. Сергей Меняйло ахуырадон къабазы кусджытæн саккаг кодта паддзахадон хæрзиуджытæ. «Ирыстоны сæраппонды» майдантæ райстой Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон техникумы директор Æбиты Валерий, 5-æм профессионалон училищæйы директор Гаджиты Хъазыбег, Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы директор Гуыриаты Георгий. «Цæгат Ирыстоны наукæйы сгуыхт архайæджы» ном лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы сæргълæууæг Дреты Джаннетæйæн. «Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы» ном саккаг кодтой 8 адæймагæн, «ахуырады сгуыхт кусæджы» ном та – 9 адæймагæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania