Истой йæ мыздыл нæ хъуыды кæнгæйæ
Ахуыргæнæджы дæсныйадыл хæст адæймагæн алы рæстæджы дæр æхсæнады уыди стыр кад. Истой йæ мыздыл нæ хъуыды кæнгæйæ. Сæ зонды уыд иунæг фæндон – сывæллæтты чысыл удтæ ног æнкъарæнтæй, ног зонындзинæдтæй байдзаг кæнын. Йæ царды 46 азы Ирон æвзаг æмæ литературæ кæстæртæм хæццæ кæныныл чи кусы, уыцы Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Дзабайты -Тауаситы Аллæйы дæнцæгæн æрхæссæн ис. Советскийы поселочы скъолайы кусгæйæ, бирæ фæлтæрты бабаста æгъдæуттыл æмæ мадæлон æвзагыл. Абон дæр Аллæ йе вæрæн куыд хæссы уыцы куыстмæ, уый федта Сосранты Жаннæ.
Æнусы æрдæгмæ хæстæг Тауаситы – Дзабайты Аллæйы фæндаг у иу – съоламæ йæ уарзон ахуырдзаутæм.
Фæтагъд кæны ног хъуыддаг сæм фæхæццæ кæнынмæ, мадæлон æвзаг æмæ сын æгъдæуттæ сæ уды бауадзынмæ. Уæвгæ, ирон æвзаг æма литературæйы ахуыргæнæг уæвгæйæ, уый куыд зæрдæргъæвдæй архайы сывæллæтты зондахаст фылдæр кæныныл, уый æнæ æмбаргæ не сты йе мкусджытæ дæр.
Йæ дæсныйад, чи нæ уарза, уыцы адæймаг æй иннæты хсæн нæ парахат кæндзæн. Аллæ та, йæ мады курдиатæй фæхайджын æмæ никуы фæфæсмон кодта йæ равзæрст дæсныйадыл. Æрмæст институты цы уæды фæсивæдимæ ахуыр кодта, уыдон дæр ын, Аллæ куыд зæгъы, афтæмæй йын хъару лæвæрдтой мадæлон æвзаг хуæздæр раиртасынæн.
Фæлтæрдджын ахуыргæнæг алы сывæллонмæ дæр афтæ уарзон цæстæнгасæй кæсы, æмæ йын зын нæу алкæйы арæхстдзинад дæр раиртасын.
Аллæ архайы сывæллæттæм æрмæст мадæлон æвзаджы зонындзинæдтæ фæхæццæ кæныныл нæ, фæлæ ма сын кусы сæ интеллектуалон зондахаст уæрæхдæр кæныныл.
Йæ уыцы зæрдиаг куыстæн æнæфæбæрг уæвæн нæйес йæ рауагъдонтыл. Уæдæ дзуапп цы къласыл фæдæдты,уыдоны æнтæстдзинæдтæ та йын йæ уд дзаг кæнынц райдзаст æнкъарæнтæй.
Куырыхон зондамонæг, фыдæлты фарнæ æмæ æгъдæуттæ кæмæн бауарзын кодта Аллæ, уыдонæй бирæтæ равзæрстой сæ уарзон ахуыргæнæджы дæсныйад.
Тауаситы Аллæйы ахуырдзаутæ бирæ алы хуызы æмæ æмвæзады сфæлдыстадон конкурсты вæййынц хуыздæрты æмрæнхъ. Æмæ йын йæ уыцы æвæллайгæ куыстæн стыр аргъ скодта хицауад. Лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы ном.
Адæймаг йæ куыст куы уарза, алы райсом æм куы тагъд кæна, уæд уый у стыр лæвар . Аллæ хъæуы цæргæйæ , алцæуылдæр æххæссы. Хæдзары кадджын æфсин, мад æмæ нана-скъоламæ æрбакъахдзæф кæнгæйæ свæййы æнæбафæзмгæ, æвзаг æмæ традицитæ хæссæг, уыимæ та ма нырыккон царды домæнтæм куыд фæнды цæстæй чи нæ кæсы, æхæм ахуыргæнæг.




