02 июня 2020, 16:15
Ахуыры азы фæдыл Яндекс. Лицейы рауагъдонтæн арфæ ракодта Битарты Вячеслав
Фембæлд ацыди видеоконференцийы хуызы
Ахуыры азы фæдыл Яндекс. Лицейы рауагъдонтæн арфæ ракодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Фембæлд ацыди видеоконференцийы хуызы. Программæтæ аразыны проект царды рацыи 2018-æм азы. Бакуыстой йыл республикæйы информацион технологиты æмæ бастдзинады Управленийы специалисттæ. 27 ахуырдзауæй 15 каст фесты Яндекс.Лицейы фыццæгæм курс. 2 азон ахуырадон программæ 20 адæймагæй каст фесты 7. Республикæйы сæргълæууæг арфæ ракодта фæсивæдæн, æмæ бахæс кодта, проекты дарддæры рæзтыл кусын.
темæмæ гæсгæ




