филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:35 среда, 01 мая 2024
23 июня 2023, 11:47
Аивадон училищæйы уыд рауагъдонты куыстытæ бахъахъхъæныны мадзал

Куыд алы аз, афтæ ацы хатт дæр ацыд цымыдисагæй

Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы уыд рауагъдонты куыстытæ бахъахъхъæныны мадзал. Куыд алы аз, афтæ ацы хатт дæр ацыд цымыдисагæй. Уымæн æмæ сæрмагондæй ацы бонмæ, зæгъæн ис, æмæ фæцæттæ кæнынц 4 азы дæргъы. Училищæйы директор Хетæгкаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, сæ рауагъдонтæ иууылдæр сты курдиатджын. Сæ педагогты та сын фæархайынц, сæ курдиат ирддæрæй раргом кæнынæн. Дипломон проекттæ сты алывæрсыг, алыхуызон тематикæимæ. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ фæсивæд лæмбынæг хъуыды кæнынц. Уыимæ архайынц аивады сæхи фæндаг равзарыныл. æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Ахæм хъуыды уыд, ацы бон сæм уазæгуаты чи рбацыд, уыдонмæ. Ацы азы рауагъдонтæй фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ сæм сæ миниуджытæм гæсгæ разæй æнхъæлмæ кæсы рæсугъд профессионалон фæндаг. Сæйрагдæр та у уый, æмæ сæ алчидæр фæнд кæны сæ ахуыр нæ бæстæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты адарддæр кæнын. Училищæйы сын арæзт цæуынц æппæт фадæттæ, цæмæй сæ бон уа аивæдты академитæм бацæуын. Ацы аз сæ дипломон куыстытæ бахъахъхъæдтой 10 адæймаджы. Сæ куыстытæн сын аргъ кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania