филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:19 суббота, 28 сентября 2024
20 апреля 2020, 16:02
Акци #МЫВМЕСТЕ-йы æрыгон уæнгтæ æххуыс кæнынц фæкæсынхъуаг адæмæн

Уыимæ сын сæйрагдæр бузныджы ныхæстæ не сты, фæлæ хорз хъуыддæгтæ тауын

Нырыккон тимуровонтæ медицинон маскæты. Акци  #МЫВМЕСТЕ-йы æрыгон уæнгтæ ныр 3 къуырийы кæнынц хæрзаудæн куыст, æххуыс кæнынц фæкæсынхъуаг адæмæн. Уыимæ сын сæйрагдæр бузныджы ныхæстæ не сты, фæлæ хорз хъуыддæгтæ тауын. Чи зоны æмæ уымæй аразгæ у волонтерты штабы æнтыстдзинад. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ акци «Мах стæм иумæ» канд рæсугъд сидт нæу, фæлæ æцæг æххуыс.

Медицинон маскæты фæсивæд æххуысхъуаг адæмæн хæссынц хойраджы продукци. 17-аздзыд Хетæг кусы адæмы курдиæттимæ. Беслæны цæрæг 11-æм къласонæн бархионты командæимæ ногдзинад нæу. Скъолайы разамынд дæтты  бархион медицинон къордæн. Акцимæ #МЫВМЕСТЕ бацыд 3 къуырийы размæ.

Хетæгы фидæны фæнды дохтыр суæвын, йæхи цæттæ кæны иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм, уыимæ ма æххуыс кæны адæмæн. Штабы уæнгтæн сæ рацыды размæ бары сæ буары тæвд, байуары хи хъахъхъæнын фæрæзтæ.

Анжеликæ радон хатт цæуы йæ фыццаградон хæстæ сæххæст кæнынмæ. Ис æм дыууæ курдиаты. Аграрон унивæрситеты студенткæ бархионты рæнхъыты ис фыццаг хатт.

Хистæрты арфæйы ныхас сæ разæнгард кæны дарддæр дæр адæмæн æххуыс кæнынмæ. Эстафетæ æххæстгонд цæуы æппæт республикæйы. Цæллагты Марат бархионты куыст снывыл кодта Алагиры районы. У юрист æмæ сиды амалхъом адæммæ, цæмæй се ххуысы хай хæссой адæммæ. Кæй фæнды архайын, уыдоны нымæц кæны фылдæр. Абон канд æцæргæ адæмæн нæ уарынц хойраг, фæлæ ма бирæсывæллонджын бинонтæм хæссынц æхсыр æмæ айчытæ.

Зæгъæн ис æмæ бархионтæ хойраджы продукциимæ адæмæн лæвар кæнынц сæ зæрдæты хъарм. Уыимæ кæмæн баххуыс кодтой, уыдон сæхæдæг дæр сты зæрдæхæлар. Закъаты Надеждæ йæхæдæг у æххуысхъуаг æмæ йын æрбахастой хойраджы продукттæ. Сылгоймаг та йæ сыхæгтæн байуæрста, йæхæдæг цы давæттæ æрæмбырд кодта, уый.

Ацы бонмæ республикон бархионты рæнхъытæм бацыд 300 активисты, фæлæ сæ нымæц кæны фылдæр.

Хетæг, Анжеликæ æмæ Мараты хуызæн фæсивæдæн #МЫВМЕСТЕ канд акци нæу, фæлæ сæрмагонд æмæ хъæугæ æххуыс. Уыимæ сæ архайдæн уæлдай арфæмæ не нхъæлмæ кæсынц, фæлæ сын «Бузныджы» ныхас æхсызгон куыд нæ уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania