филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:21 суббота, 28 сентября 2024
15 апреля 2021, 14:11
Акци «Сад памяти» арæзт æрцыд Алагиры районы

Црауы ныссагътой сырх тулдз бæласы 5000 талайы

Æдзард хæстонты номыл акци арæзт æрцыд Алагиры районы дæр. Црауы ныссагътой сырх тулдз бæласы 5000 талайы. Акцийы архайджытæ дзы ссардтой Уырымты æфсымæрты рухс ном. Цыппарæй дæр æнустæм баззадысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдыры. Бæлæстæ садзынц куыд хъæды хæдзарады кусджытæ, афтæ скъоладзаутæ дæр. Æдæппæтæй Црауæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фронтмæ ацыд 230 адæймаджы. Уыдонæй тохы быдыры æнустæм баззад 194 салдаты. Фидæны хъæд та хъæуккæгты зæрдыл лæууын кæндзæн алкæйы хъæбатырдзинады тыххæй дæр. Томайты Батразæн ныхасы бар.

Цалдæр азы фæстæ ацы ран фæзындзæн тулдз бæлæсты хъæд. Ныр та уал ацы талатæ се ппæты зæрдыл лæууын кæндзысты, кæй ничи æмæ ницы ферох, уый. Алагиры район дæр бацархайдта æппæтуæрæсеон акцийы «Сад памяти». Талатæ садзынц куыд хъæды хæдзарады кусджытæ, афтæ скъоладзаутæ дæр.

Сырх тулдз бæлас хуымæтæджы нæ равзæрстой. Специалисттæ зæгъынц, Цæгат Ирыстоны климæт ацы бæласæн хорз бабæздзæн. Талатæ рæздзысты, куыд æмбæлы, афтæ.

Ацы хатт акци «Сад памяти» æххæст кæнгæйæ, ссардтой Уырымты æфсымæрты рухс ном. Црауы бахъахъхъæдтой сæ райгуырæн хæдзар. Ардыгæй 1941-æм азы фронтмæ ацыдысты Уырымты 4 æфсымæры. Хъыгагæн, хæстæй нал сыздæхтысты æмæ сæ иу дæр йæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлд. Хъæбатырты мысгæйæ се мхъæуккæгтæ сæйраг уынджы сæвæрдтой мемориал. Тæтæрхъан, Николай, Темырхъан æмæ Хæмæтхъан кæм ахуыр кодтой, уыцы скъолайы та цæстыгагуыйау бахъахъхъæдтой сæхи писмотæ æмæ фронтæй фыстæджытæ.

Æдæппæтæй Црауæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фронтмæ ацыд 230 адæймаджы. Уыдонæй тохы быдыры æнустæм баззад 194 салдаты. Фидæны хъæд та хъæуккæгты зæрдыл лæууын кæндзæн алкæйы хъæбатырдзинады тыххæй дæр. Æдæппæтæй нæ республикæйы нысан кæнынц 50 000 бæласы ныссадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania