филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 суббота, 31 января 2026
12 октября 2024, 14:19
Акци «Зындгонд адæймагимæ аходæн» æххæстгонд цæуы дарддæр

Ацы хатт æй сарæзтой Дзæуджыхъæуы скъола «Эрудит»-ы

Акци «Зындгонд адæймагимæ аходæн» æххæстгонд цæуы дарддæр. Ацы хатт æй сарæзтой Дзæуджыхъæуы скъола «Эрудит»-ы.  Сæ уазæг сси физкультурæйы æмæ спорты министр Хуадонты Артур. Дунейы, Европæйы, Уæрæсейы цалдæр хатты чемпион къуххæстæй аныхас кодта сывæллæттимæ. Ацаходыдта сын сæ хæринагæй дæр, стæй сæ фæхайджын кодта йе спортивон царды хабæрттæй. Радта дзуæппытæ скъоладзауты фæрстытæн. Уыимæ сæм фæхæццæ кодта – æнæниз цардыуаджы бындур кæй у хæрзхъæд хæринаг, стæй спортæй архайд. Уазæджы ныхæстæм гæсгæ, куыд  тренер, афтæ алкæддæр архайдта фæсивæды афоныл æмæ æмбæлгæ хæрдыл ахуыр кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania