филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:22 пятница, 03 апреля 2026
15 февраля 2013, 11:31
Акционерон æхсæнад «Одежда»-йы хуыйджытæ скъоладзауы ног уæлæдарæс адæмы размæ рахастой дефилейы хуызы

Аив уæлæдарæс, хæрзхъæд хъуымац æмæ аслам аргъ. Нырыккон ахуырдзауæн йæ уæлæдарæс скæнæн ис модæмæ гæсгæ.

Аив уæлæдарæс, хæрзхъæд хъуымац æмæ аслам аргъ. Нырыккон ахуырдзауæн йæ уæлæдарæс скæнæн ис модæмæ гæсгæ. Уый у, республикæйы скъолаты директортæ æмæ скъоладзауты ныййарджыты хъуыды.

Акционерон æхсæнад «Одежда» скъоладзаутæн дзаума рагæй хуыйы, уымæ гæсгæ йæ специалисттæ хорз зонынц, рæзгæ фæлтæр арæхдæр цавæр дзаумæттæ фæагурынц, уый. Скъоладзауы ног уæлæдарæс адæмы размæ рахастой дефилейы хуызы. Равдысты уыди формæйы 30 хуызæй фылдæр. Скъолаты директортæ æмæ ныййарджытæ куыстуаты разамындмæ радтой фæрстытæ. Уый фæстæ сæ алчидæр равзæрста, аивдæр æм цавæр фасон фæкаст, уый.

Ацы равдыст арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы æххуысæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania