филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:11 суббота, 21 сентября 2024
18 декабря 2012, 09:46
Алæмæты фынтæ уындзысты амæй фæстæмæ Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ

Ног азы бæрæгбоны агъоммæ сын æхсызгон лæвар ракодтой Махачкалайы хуыйæн фабрикæйы кусджытæ. Нырыккон домæнтæм гæсгæ сын бахуыдтой æнæниздзинадæн пайдайаг гобæттæ. Ног хуыссæнгæрзтæн ис ортопедон аууæлтæ.

Ног азы бæрæгбоны агъоммæ сын æхсызгон лæвар ракодтой Махачкалайы хуыйæн
фабрикæйы кусджытæ. Нырыккон домæнтæм гæсгæ сын бахуыдтой
æнæниздзинадæн пайдайаг гобæттæ.

Ног хуыссæнгæрзтæн ис ортопедон аууæлтæ. Æппæты фыццаг сæ бафæлвардзысты
Мæздæггаг сывæллæттæ. Цы хорздзинад сын сарæзтой, уымæй уæлдай ма сæм
дагестайнаг уазджытæ æрбахуыдтой Митын Дадайы, Митын чызджы, стæй
аргъæутты иннæ хъайтарты æмæ сын сарæзтой æцæг бæрæгбон хъæзтытимæ,
зарджытимæ æмæ адджын фынгтимæ. Æппæтæй æхсызгондæр лæвар та сын уыд
стыр торт гобаны хуызы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania