филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:30 суббота, 28 сентября 2024
15 октября 2021, 16:22
Алагир-Дзæуджыхъæуы автопарк сног кодтой

Фæлæ ног машинæтæ фаг нæй куыд бæлццæттæн, афтæ шофыртæн дæр

Алагир-Дзæуджыхъæуы автопарк сног кодтой. Фæлæ ног машинæтæ фаг нæй куыд бæлццæттæн, афтæ шофыртæн дæр. Алагиры цæрджытæй бирæтæ кусынц æмæ ахуыр кæнынц Дзæуджыхъæуы. Æрвылбон сæ бынатмæ æрбахæццæ уæвын хъæуы бæлвырд рæстæгмæ. Фæлæ уый сæ къухы нæ бафты. Фæндагыл æмбæлынц къуылымпыдзинæдтимæ. Адæм тыхсынц автоколоннæйы куысты хæрзхъæддзинадæй. Уæвгæ дзы уавæр аивыны тыххæй ивддзинæдтæ æрцыди, фæлæ дзы фæзынди ног цæлхдуртæ. Цавæртæ, уый Сосранты Жаннæйы æрмæджы.

Сæумæ райсом зындзинæдтæ æвзаргæ рауайы Алæгиры цæрджытæй Дзæуджыхъæумæ æрбацæуын кæй фæхъæуы, уыдонæн. Бирæты фæхъæуы куыстмæ , ахуырмæ афонадыл схæццæ уын, фæлæ автовокзалы адæм фылдæр вййы транспортæй.

 Хъуыддаг фарстайæг сси, ног хæдтулгæтæ Некст куы райдыдтой рейсытæ кæнын уæд. Канд уыдон ныууагътой, фæлæ куыд рабæрæг фаг не сты. Уыимæ шофыртæ та дзы ис 70, ныр сæ фылдæр баззад æгуыстæй, куыд загътой, афтæмæй сын иу райсом нæ радтой фæндаггон сыфтæ

 Автоколоннæ 1691-ны директоримæ фембæлын нæ бантыст не сфæлдыстадон къордæн, радзырдтам йемæ телефонæй. Къаболаты Артур куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ фæстаг азы æрдæгмæ фылдæр хъæстытæ æрбацыд бæлцæттæй маршруткæты уавæры тыххæй, бирæ сæм кæй æнхъæлмæ кæсын хъæуы, стæй лæггæдты хæрзхъæддзинад дæр хуыздæр хъуаг у. Уавæр, хынцгæйæ куыстуат лизингы райста 16 ног хæдтулгæйы. Ныр, æрмæст дæр уыцдон кусдзысты ацы маршрутыл. Шофыртæй æнæ куыстæй чи баззад,уыдонæн та бар радтой ног машинæтыл сбадын, фæлæ бирæты нæ бафæндыд.

 Промышленность æмæ транспорты министрады куыд загътой, афтæмæй автомобилон парк кæндзæн фылдæр. Уыимæ, сæ машинæтæ сæрмагонд домæнтæн дзуапп кæмæн дæдтой, уыдонæн та æмгуыстады уавæртæ сараздзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania