филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:47 воскресенье, 14 декабря 2025
10 марта 2020, 13:14
Алагираг «Спартак» сси Цæгат Ирыстоны зымæгон турниры уæлахиздзау футболæй

Дзæуджыхъæуы ивгъуыд фæлладуадзæн бонты арæзт æрцыд ерысты финал

Алагираг «Спартак» сси Цæгат Ирыстоны зымæгон турниры уæлахиздзау футболæй. Дзæуджыхъæуы ивгъуыд фæлладуадзæн бонты арæзт æрцыд ерысты финал. Алагиры «Спартак» разынд дзæуджыхъæуккаг «Юностæй» сæрæндæр, æмæ йыл фæуæлахиз 2:0 хыгъдæй. Æртыккаг бынатмæ рацыд командæ  «Динамо-Дзæуджыхъæу». Æдæппæтæй турниры архайдтой 8 командæйы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæстаг дыууæ азмæ ацы традицион турнир арæзт нæ цыди бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ. Ныр та спонсорты æххуысы фæрцы спортсментæ æмæ футболуарзджытæ ногæй цин кæнынц сæ кæрæдзийы фембæлдыл, æмæ радон æнтыстдзинæдтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania