филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:45 воскресенье, 01 февраля 2026
03 марта 2023, 11:53
Алагиры бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ хæдзары сæры уaвæрæй

Хæдзары сæрæй тæдзы, хъуына къултæ згъæлынц. Ахæм уавæры сты Алагиры Хетæгкаты Къостайы уынджы 233-æм хæдзары цæрджытæ. Уыимæ сæ уыцы бынатмæ раивтой кæлæддзаг цæрæнуæттæй. Фæлæ адæм куыд зæгъынц, афтæмæй къуылымпыдзинæдтæ уайтагъд сæвзæрдысты. Чи баххуыс кæндзæн цæрджытæн, æмæ сæ цы бакæнын хъæуы – уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ахæм уавæрæй Алагиры Хетæгкаты Къостайы уынджы 233-æм хæдзары цæрджытæ фыццаг аз нæ тыхсынц. Къæвдаты рæстæг сæ цæрæнуæтты, куыд уынджы, афтæ фæуары. Æмæ ма кæд пъолтæ бахъхъæнын бантысы, уæд цартæ æмæ къултæ бынтон заууатмæ æрцæуынц. Бæрзонд уымæладæй штукатуркæ згъæлы. Уæдæ адæм се нæниздзинадыл дæр мæт кæнынц. Цæрджытæй бирæтæ арæх рынчын кæнынц. Уавæр куыд аивой, уый нæ зонынц. Уымæ гæсгæ, фадат кæмæн уыд, уыдон сæ цæрæнбынат аивтой.

Ахæм уавæр æппæт хæдзары дæр. Тыхсын ма кæны, дон къултыл тæдзгæйæ, кæй бахауы электрон тыхдæттæг уартмæ. Уый аххосæй цæрджытæ арæх æнæ рухсæй баззайынц. Ам цæрынц 10 азæй фылдæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, къуылымпыдзинæдтæ уайтагъд сæвзæрд. Фæстаг рæстæг та бынтон сбирæ сты.

Бытъæты Алыксандр: «Иу дæр æрбацæуы – скæндзыстæм. Иннæтæ æрбацæуынц – баххуыс кæндзыстæм. Афтæ нын дзырдтой, фæлæ ничи ницы æххуыс кæны. Тæдзы. Æдтæйы куыд, мидæгæй дæр афтæ. Баххуыс нын кæнут. Кæмæн ма дзурæм. Фыстам, дзырдтам, æмæ ницы».

Хуымæтæг цалцæгæй уавæр нæ хуыздæр кæны. Хæдзары сæр хъæуы сæрмагондæй рацаразын. Администрацийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ацы фарстаимæ хъæуы бындурон цалцæджы фондмæ фæсидын.

Дудиаты Барис – Алагиры администрацийы муниципалон æлхæдтыты æмæ инженерон коммуникациты хайады хицау: «Цы хæдзары цур лæууæм, уымæн йæ цартæ кæнинаг сты. Къæвда куы фæуары, мит куы фæтайы, уæд суанг 5-æм уæладзыгмæ æрхæццæ вæййы дон. Уыцы куыстытæ хъуамæ скæна бындурон цалцæджы республикон фонд. Фæлæ уыдон хъуамæ конд æрцæуой, адæм цы æхцатæ фембырд кæнынц, æрмæст уыдонæй».

Хæдзарæн баххуыс кæныныл фонд разы у. Цæттæ у бæстыхайы сæр баивын æмæ куыстытæ æмбæлгæ æмвæзадыл сæххæст кæнын.Фæлæ æнæ цæрджыты фиддонтæй ацы хъуыддаг къухы нæ бафтдзæн.

Фарста алыг кæнын ис. Куыд тагъд, уый аразгæ у, цæрджытæ сæхæдæг фиддонтæ куыд æмбырд кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania