филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:31 воскресенье, 29 сентября 2024
15 сентября 2014, 11:23
Алагиры дæсгай сывæллæттæ æвзæр нуазыны донæй кæй фæхъæстæ сты, уый тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Фыццаг рынчынтæ рабæрæг сты сабаты. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвæстиатæй дохтыртæм æххуысагур чи рбацыд, уыдонæй 27 сты Алагиры районы рынчындоны, 47 – сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны, цалдæрæй та сæхи дзæбæх кæнынц амбулаториты. Æмтгæй райсгæйæ, рынчынтæн сæ цардæн тæссаг нæу. Кæнынц сын æмбæлгæ æххуыс.

74272
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы уынаффæмæ гæсгæ, республикæйы Сæргълæууæджы æмæ хицауады администрациты разамонæг Таболты Сергей æвæстиатæй сарæзта æмбырд, Алагиры дæсгай сывæллæттæ æвзæр нуазыны донæй кæй фæхъæстæ сты, уый тыххæй. Фыццаг рынчынтæ рабæрæг сты сабаты. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвæстиатæй дохтыртæм æххуысагур чи рбацыд, уыдонæй 27 сты Алагиры районы рынчындоны, 47 – сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны, цалдæрæй та сæхи дзæбæх кæнынц амбулаториты. Æмтгæй райсгæйæ, рынчынтæн сæ цардæн тæссаг нæу. Кæнынц сын æмбæлгæ æххуыс. Сывæллæттæм цæуы бæстон цæстдард. Хостæй дæр цух не ййафынц. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ацы цауы аххосаг у, нуазыны доны чи уыд, ахæм ротавирус. Алагиры районтæй иуы дондзæуæн системæйы æрцыд авари, уый фæбæрæг доны хæрзхъæддзинадыл. Ныртæккæ йæ специалисттæ сыгъдæг кæнынц. Уый тыххæй фехъусын кодта Алагиры районы сæргълæууæг Барахъты Артур дæр. Таболты Сергей æмбæлгæ структурæтæн бабар кодта, цæмæй ацы уавæрмæ кæронмæ сæ цæст фæдарой.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania