01 августа 2024, 12:08
Алагиры дарддæр цæуы доныхызты рацарæзт
Куыстытæ цæуынц сыгъдæг доны федералон проекты фæлгæты
Алагиры дарддæр цæуы доныхызты рацарæзт. Куыстытæ цæуынц сыгъдæг доны федералон проекты фæлгæты. Ныртæккæ уал сæвæрдтой дыууын фондз километры хæтæлтæ. Се стæвдæн у 300 миллиметры бæрц. Уымæй дарддæр сæвæрдтой 142 цъайы. Куыстыты техникон цæттæдзинад у 85 проценты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй проект сæххæст кæндзысты æмгъуыдæй раздæр. Ныртæккæ уал Алагиры центры уынгтæ баиу кодтой ног доныхызмæ. Уыдон сты Алагираг уынг, Ленины, Къостайы æмæ Гагарины уынгтæ.
темæмæ гæсгæ




