филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:22 воскресенье, 29 сентября 2024
16 сентября 2014, 10:47
Алагиры доны хæтæлты аххосæй низхæссæг вирустæй хъыгдард цы сывæллæттæ баййæфтой, уыдонæн кæнынц æххуыс

Специалисты бæрæггæнæнтæм гæсгæ сыл низ бахæцыд горæты нуазыны донæй. Ныртæккæ хъыгдардбаййæфæг сывæллæттæн æххуыс кæнынц Алагиры районы, сывæллæтты республикон клиникон æмæ Дзæуджыхъæуы тагъдæххуысы клиникон рынчындæтты.

74292
Алагиры доны хæтæлты аххосæй низхæссæг вирустæй хъыгдард баййæфтой бирæ сывæллæттæ. Специалисты бæрæггæнæнтæм гæсгæ сыл низ бахæцыд горæты нуазыны донæй. Ныртæккæ хъыгдардбаййæфæг сывæллæттæн æххуыс кæнынц Алагиры районы,     сывæллæтты республикон клиникон æмæ Дзæуджыхъæуы тагъдæххуысы клиникон рынчындæтты.

Алагиры тъæнгты низæй хъыгдардбаййафæг адæмы нымæц ахызт 100-йæ. Сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй рынчынтæ сты Алагиры кæрон 4 сыхаг уынджы цæрджытæ. Низ сыл бахæцыд горæты нуазыны донæй. Æрмæст ацы æмдзæрæнæй рынчындонмæ бахауд 15 сывæллоны.

Козаты Аллæ ныр дæр ма æдас нæу. Хæдзары 5 сывæллоны ис æмæ се ппæт дæр фæрынчын сты тъæнгты низæй. Иууылдæр нызтой къранты донæй.

Козаты Аллæ: «Мæ сывæллæттæ иууылдæр фæрынчын сты. Ардыгæй мæнæ кърантæй нызтой дон».

Хъыгдардбаййæфæг сывæллæттæн æххуыс кæнынц Алагиры районы,     сывæллæтты республикон клиниконы æмæ Дзæуджыхъæуы тагъдæххуысы клиникон рынчындæтты.

Сæ уавæрыл ныхас кодтой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны управленийы. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй уæззау рынчын ничи у. Фæлæ дохтыртæ æнхъæлмæ кæсынц ног рынчынтæм. Уый та уымæн, æмæ тъæнгты низтæ 10 бонмæ нæ рабæрæг вæййынц. Фыццæгтæ рынчындонмæ бахаудысты ивгъуыд майрæмбоны.

Гадзиты Гæлинæ, РЦИ-Аланийы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы разамонæджы хæдивæг: «Ныртæккæ бæрæг кæнæм уавæр. Бæлвырд мæ бон зæгъын у – доны уыд низхæссæг вирустæ. Цы цау æрцыд, уый эпидеми дæр схонæн ис, уымæн æмæ тынг бирæ сывæллæттæ фæрынчын сты».

Ныртæккæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны управленийы кусджытæ сæ цæст дарынц уавæрмæ. Бæрæг кæнынц доны сыгъдæгдзинад.

Лабораториты куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй нуазыны доны «ротовирусный» кæй хонынц, æрмæст ахæм инфекци нæ уыд. Специалисттæ ма доны рабæрæг кодтой дизентерийы æмæ сальмонеллезы вирустæ.

Доны хæдзарады кусджытæ нырма кæронбæттæн хатдзæгтæ нæ кæнынц, фæлæ гæнæн ис æмæ низхæссæг бактеритæ фæзындысты хæтæлты. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц анализты бæрæггæнæнтæм.

Плиты Вячеслав, Алагиры доны хæдзарады разамонæг: «Бæрæг кæнæм нæ хæтæлтæ. Кæсæм кæм цы ис, уый. Гæнæн ис æмæ, æцæгæйдæр, низ фæзынд хæтæлты. Фæлæ куыд æмæ цæмæн афтæ рауад, уый нырма зын зæгъæн у. кæсдзыстæм. Æнхъæлмæ кæсæм лабораториты хатдзæгтæм».

Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны управленийы специалистты хатдзæгтæм гæсгæ низхæссæг вирустæ фæзындысты доны хæтæлты. Алагиры доны хæдзарады аххос дзы нæй. Уым дон сыгъдæггонд цæуы, куыд æмбæлы, афтæ.

Санитарон службæтæ донæн скодтой æмбæлгæ анализтæ æмæ дзы рабæрæг кодтой сывæллæттæ кæмæй фæрынчын сты, уыцы тъæнгты низы инфекцитæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania