16 января 2025, 11:07
Алагиры фæзындзæн нырыккон фæлладуадзæн зонæ
Проект «Солнечная долина» æххæст кæнын райдайдзысты ацы аз Алагиры скæсæн фарсы
Алагиры фæзындзæн нырыккон фæлладуадзæн зонæ. Проект «Солнечная долина» æххæст кæнын райдайдзысты ацы аз Алагиры скæсæн фарсы. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Территорийы уыдзæн пляж, дзыллон мадзæлттæ аразынæн æмæ фæлладуадзæн зонæтæ, сывæллæттæн хъазæн æмæ уынгты тренажертимæ спортивон фæзтæ. Объект æххæст уыдзæн рухсытæй æмæ видеоцæстдардæй. Æнæмæнг бакусдзысты цъæх фæлыстыл дæр. Ног зонæйы арæзтад цæудзæн гранты фæрæзтæй: Алагиры район сси æппæтуæрæсеон конкурс «Чысыл горæттæ æмæ историон хъæуты» уæлахиздзау. Стыр объект сæххæст кæнынæн баххуыс кæндзæн ног национ проект «Цардæн инфраструктурæ».
темæмæ гæсгæ




