филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:22 суббота, 18 мая 2024
07 февраля 2024, 11:47
Алагиры хъармдæттæг системæйы рацарæзтыл æмæ модернизацийыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Фæлварæн проект фадат ратдзæн горæты хъармдæттæг комплексы хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн

Алагиры хъармдæттæг системæйы рацарæзтыл æмæ модернизацийыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Фæлварæн проект фадат ратдзæн горæты хъармдæттæг комплексы хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн. Муниципалон сконды территорийы дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Проектмæ гæсгæ рацаразын хъæуы 21 хъармгæнæны. Сцалцæг дзы кæндзысты 15, 6 та æхгæнгæ скæндзысты. Абоны онг сæвæрдтой 7 хъармгæнæны. Хæстæгдæ рæстæг ма сæм бафтаудзысты 8 объекты, Проект царды æххæстæй куы рауадзой, уæд Алагиры цæрджыты уавæртæ зынгæ фæхуыздæр уыдзысты, – загъта Дзанайты Барис. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, проект хорзыл банымадтой Уæрæсейы Хицауады къамисы президиумы. Куыстыты хай цæуы «Территориты рæзты Фонд»-ы фæрæзты æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania