Бындурон цалцæджы республикон фондæй сын зæрдæ бавæрдтой, 3 мæйы æмгъуыдмæ хæдзары сæр кæй баивдзысты, уымæй
Фатерты уымæлады тæф, хъуына, хæлд цалцæг æмæ тæдзгæ цар. Ахæм риссаг фарстатæ ис Алагиры Хетæгкаты Къостайы уынджы 233-æм хæдзары. Адæм бирæ рæстæг тыхсынц сæ уавæртæй. Бындурон цалцæджы республикон фондæй сын зæрдæ бавæрдтой, 3 мæйы æмгъуыдмæ хæдзары сæр кæй баивдзысты, уымæй. Фарста алыг кæнын къухы цæуыннæ æфтыд, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Агънаты Изетæ Алагиры Хетæгкаты Къостайы уынджы 233-æм хæдзармæ раивта 14 азы размæ. Куыд зæгъы, афтæмæй бæстыхайы сæр уайтагъд тæдзын райдыдта. Азæй-азмæ уавæр æвзæрдæр кодта. Уымæлад æрхæццæ быннаг уæладзгуыты онг. Бацæуæны фæзынд хъуына.
Кæд быннаг уæладзгуытæм уымæлад чысыл æрхæццæ вæййы, уæд сæйраг цæф та æрцæуы уæллæгтыл. Мит куы фæтайы кæнæ къæвда куы фæуары, уæд царæй къултыл дон æхсæрдзæны хуызæн фæкæлы. Ацы уавæрæй хъыгдард æрмæст бацæуæн не *ййафы. Дон бахауы фатертæм дæр. Хуыриаты Елизаветæ цæры 9-æм уæладзыджы. Цалдæр хатты йæ бахъуыд цалцæг кæнын. Къултæ уымæл, хъуына, пол хæлы.
Хæдзары цæрджытæ фæсидтысты бындурон цалцæджы республикон фондмæ. Адæмæн бантыст сæмбырд кæнын, бæстыхайы сæр баивынæн цы фæрæзтæ хъæуы, уыдонæн се 80 проценты. Куыстытæ хъуамæ райдайой уалдзæджы райдиан, куы фæхъарм уа, уæд. Фонды генералон директор Тедтаты Рамазаны ныхæстæм гæсгæ, хæдзары сæр хъуамæ баивой 3 мæйы æмгъуыдмæ.
Фарон республикæйы бындуронæй сцалцæг кодтой 84 хæдзары. Уыдонæй æртыны баивтой лифтытæ. Тедтаты Рамазан куыд загъта, афтæмæй бындурон цалцæгæн фиддонтæ æмбырд кæныны процент фæфылдæр.
Ацы аз фонды специалисттæ фæнд кæнынц 60 хæдзармæ базилын æмæ 120 лифтæй фылдæр баивын. Æдæппæтæй республикæйы хъæуы сног кæнын 2 мин фондзсæдæ цæрæн бæстыхайæ фылдæр.




