филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
28 декабря 2021, 11:40
Алагиры иуæй-иу уынгты дондзæуæн системæйы куыст фæкъуылымпы

Ууыл æрныхас кодтой аппаратон æмбырды

Алагиры иуæй-иу уынгты дондзæуæн системæйы куыст фæкъуылымпы. Ууыл æрныхас кодтой аппаратон æмбырды. Гуысырайы дондзæуæны кусæнгæрзты иу хай ныссалди. Уымæ гæсгæ фæфылдæр сты авариты нымæц. Алагиры районы сæргълæууæг Дзантиаты Исламы ныхæстæм, цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц, куыд æмбæлы, афтæ. Аппаратон æмбырды ма ныхас цыд Ног азы бæрæгбæттæм цæттæгæнæн мадзæлттыл. Мидхъуыддæгты министрады сфидар кодтой карздæр куысты фæтк. Хъахъхъæнæн мадзæлттæ æххæст кæндзысты патрулон службæтæ æмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы кусджытæ. Уымæй дарддæр  арæзт цæудзысты рейдтæ, нозтджын шофырты раиртасыны тыххæй. Дзанайты Барис Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты бабар кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы, стæй æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæтæ бацæттæ кæнын. Ахæм амындзинад райстой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania