Æппæтуæрæсеон æфсæддон-патриотон хъазт «Зарница»-йы финалы бацахстой 2-аг бынат
Алагиры кадджын уавæры сæмбæлдысты 5-æм скъолайы ахуырдзаутыл. Æппæтуæрæсеон æфсæддон-патриотон хъазт «Зарница»-йы финалы бацахстой 2-аг бынат. Сног æй кодтой нырыккон хуызы. Баиу кодта бæстæйы мингай скъоладзауты. Не мзæххонтæ сæхи æнтыстджынæй равдыстой ног дисциплинæты, сæ хыгъды æнæпилотон тæхæн апараттимæ архайын дæр. Уый равдыста, фæсивæды патриотон хъомыладмæ цымыдисдзинад кæй рæзы, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Бæрæгбон райдыдта Алагиры районы сæргълæууæг Демыраты Вячеславы арфæйæ. Алагиры 5-æм скъолайы кадджын уавæры сæмбæлдысты ахуырдзаутыл. Сывæллæттæ бацахстой 2-аг бынат æппæтуæрæсеон конкурс «Зарница 2.0»-ы.
Сывæллæттæ поездæй комкоммæ сæ уарзон 5-æм скъоламæ бацыдысты. Персаты Георгий «Зарница»-йы архайдта фæд-фæдыл дыккаг аз – фарон йæ командæ сси регионалон къæпхæны уæлахиздзау, ныр та схызт ног къæпхæнмæ.
Кæддæр патриотон хъазт «Зарница» иу кодта æппæт бæстæйы скъоладзауты, ныр та æрыздæхт нырыккон хуызы. Дисциплинæтæ ног, фæлæ ерыстæ раздæрау парахат сты. Æфсæддон-патриотон лагерь «Авангард»-ы æмæ центр «Юный ястреб»-ы бындурыл хъазты финалы архайдта 890 сывæллоны алы регионтæй.
Хъазты æппæт процесс командæйы архайæг Магкæты Аланæ æвдыста телеграм-каналы. Ирыстоны – скъоладзауты æнтыстдзинæдтæм кастысты, мæт сыл кодтой æмæ æнхъæлмæ кастысты. Æххæстгонд куысты тыххæй æнæпилотон тæхæн аппаратты оператортæ Азамат Сафаев æмæ Персаты Артур райстой сыгъзæрин шевронтæ.
Скъоладзаутæн ма сæ бон æфсæддон-патриотон хъазты уыдзæн 2 азы бацархайын. Цæмæй та радон хатт равдисой, хуыздæртæ кæй сты, уый.




