25 июля 2025, 10:46
Алагиры райдыдта ног фæлладуадзæн зонæйы арæзтад
ыртæккæ кусджытæ фидæны доны объектты æвæрынц бетон, бордюртæ
Алагиры райдыдта ног фæлладуадзæн зонæйы арæзтад. Ныртæккæ кусджытæ фидæны доны объектты æвæрынц бетон, бордюртæ. Аразынц сывæллæтты æмæ спортивон инфраструктурæ. Ам фадат уыдзæн волейболæй, баскетболæй, стыр теннисæй хъазынæн æмæ воркаут-фæзы архайынæн. Уымæй дарддæр ма территорийы уыдзæн пляж æмæ фæлладуадзæн зонæтæ алыхуызон мадзæлттæ аразынæн. Объекты сæвæрдзысты рухсгæнæнтæ, ныссаддзысты бæлæстæ æмæ æндæр зайæгойтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ проект æххæстгонд цæуы гранты фæрæзты фæрцы: Алагиры район фæуæлахиз Æппæтуæрæсеон конкурсы «Гыццыл горæттæ æмæ историон бынæттæ», – фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
темæмæ гæсгæ




