филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 понедельник, 15 декабря 2025
19 марта 2014, 11:17
Алагиры районы администрацийы цæттæ кæнынц программæ, скъоладзауты лæвар хъарм хæринагæй бон дыууæ хатты æххæст кæныны тыххæй

Æхсыры продукттæ, дзул, цай æмæ дыргътæ. Ахæм хæринаг дæттынц Алагиры районы райдайæн кълæсты ахуырдзаутæн се `ппæтæн дæр. Æдæппæтæй сты 1600-йæ фылдæр.

Æхсыры продукттæ, дзул, цай æмæ дыргътæ. Ахæм хæринаг дæттынц Алагиры районы райдайæн кълæсты ахуырдзаутæн се `ппæтæн дæр. Æдæппæтæй сты 1600-йæ фылдæр. Ныртæккæ районы администрацийы цæттæ кæнынц, скъоладзауты лæвар хъарм хæринагæй бон дыууæ хатты æххæст кæныны программæ. Цæмæй йæ царды рауадзой, уый тыххæй хъæуы уæлæмхасæн фæрæзтæ – иу милуан æмæ 500 мин сомы. Районы разамынд архайы фарста алыг кæныныл. Мæйы кæрон Алагиры районы минæвæртты æмбырды депутаттæ хъуамæ программæ сфидар кæной.

Æртыккаг урочы фæстæ скъолайы хæрæндонмæ къух бакæнæн нал вæййы. Сæ райсомы хъарм хæринагмæ æрбацæуынц райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ. Алагиры 3-æм скъолайы сты 350-йæ фылдæр. Хæрæндоны иууылдæр иумæ нæ фæцæуынц, уымæ гæсгæ хæрынц 2 рады.

Уататы Кристинæ, Алагиры 3-æм скъолайы ахуырдзау: «Куы æрбацæуæм хæрæндонмæ, уæд нæм нæ хæринаггæнджытæ бахудынц, скæнынц нын хæринæгтæ, æмæ нын сæ рахæссынц худгæйæ».

Æхсыры хæринаг, дзул, цай æмæ дыргъ. Ахæм хæринаг исынц Алагиры районы райдайæн кълæсты ахуырдзаутæ се `ппæт дæр. Æдæппæтæй сты 1600-йæ фылдæр. Пюре, плов, хъæрмхуыпп. Ахæм хæринæгтæ нал исынц ацы азы райдианæй. Уæдмæты райсомы хæрдæй скъоладзауты æххæст кодтой республикон бюджетæй, сихорхæрдæй та – районы. Ныр скъоладзауты хæрдæн дзуапп дæтдзæн æрмæстдæр бынæттон администраци. Фæлæ бюджет фарон кæй сфидар кодтой, уымæ гæсгæ 2 хатты хæрынæн фæрæзтæ не `снысан кодтой.

Токаты Олег – Алагиры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Фарон бюджет куы сфидар кодтам, уый фæстæ банымадтам æмæ ма нæ 1 500 мин сомы хъæудзæн. Ныр ууыл архайæм, цæмæй уыцы фæрæзтæ ссарæм. 8 милуаны нæ фаг уыдзысты, цæмæй сывæллæттæн тæвд хæринаг дæттæм, уый тыххæй».

Алагиры 5-æм скъолайы директоры хæдивæг Айларты Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæ ахуыр кæнынц ног ахуырадон стандарттæм гæсгæ. Скъолайы вæййынц 3 сахаты онг. Уымæ гæсгæ сын бон иу хæрд фаг нæу.

Айларты Иринæ, Алагиры 5-æм скъолайы директоры хæдивæг: «Æнæхъæн бон вæййынц скъолайы, 3 сахаты онг. Фæкафынц, фæзарынц, алыхуызон къордтæм цæуынц, ирон кафджытæ, æмæ хъæуы, цæмæй сывæллæттæ 2 хатты хæрой».

Районы администрацийы зæрдæ бавæрдтой, фарста хæстæгдæр рæстæг лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй. Ныртæккæ цæттæ кæнынц сæрмагонд программæ. Иу сывæллоны райсомы æмæ сихоры хæрдæн хъæудзæн 32 сомы.

Бынæттон администрацийы цæттæ кæнынц, скъоладзауты лæвар хъарм хæринагæй æххæст кæныны программæ. Цæмæй йæ царды рауадзой, уый тыххæй хъæуы уæлæмхасæн фæрæзтæ – иу милуан æмæ 500 мин сомы. Ныртæккæ районы разамынд архайы фарста алыг кæныныл. Мæйы кæрон Алагиры районы минæвæртты æмбырды депутаттæ хъуамæ программæ сфидар кæной.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania