филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:05 вторник, 17 июня 2025
27 июня 2024, 11:47
Алагиры районы æнæном хохы цъупп схондзысты «Мариинаг»

Депутаттæ хорзыл банымадтой уагæвæрды проект. Ацы закъондæттæг хъæппæрисы фæндон бахаста Санкт-Петербурджы закъондæттæг сконд. Парламенты уæрæхгонд æмбырды боны фæткы фарстатæй иу баст уыди Цæгат Ирыстоны сæйраг финансон документимæ. Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæргълæууæг Хъæлыцты Инал куыд фехъусын кодта, афтæмæй хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ фарон сырæзтысты 925 милуан сомы. Бюджеты фарстайы фæдыл докладимæ раныхас кодта «Справедливая Россия-Патриоты-За правду» -йы фракцийы уæнг Хæдарцаты Аслæнбег.

Фæсивæдон парламенты ивгъуыд азы куысты хатдзæгты тыххæй докладимæ раныхас кодта организацийы сæрдар Аслæмырзаты Азæмæт. Фæнысан кодта, иннæ регионтимæ се нгом æмгуыстады тыххæй. Фракци «Справедливая Россия-Патриоты-За правду»-йы уæнг Дыдарты Сосланы раныхас та баст уыди хæдзæртты æргътыл æнæрлæугæйæ кæй æфты, уыимæ. Куыд загъта, афтæмæй æрыгон бинонты арæхдæр фæхъæуы кредит райсын, цæмæй хæдзар балхæной, уымæн. Уый та æнæмæнг æрцæуы финансон зындзинæдтæм. Дыдарты Сосланы раныхасы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта коммунистон партийы уæнг Гутъынаты Аслæнбег.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania