филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
29 апреля 2020, 16:42
Алагиры районы амалхъом адæм æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын бинонтæн æмæ æгуыстæй чи баззад

Сысджы, зетъи, цай, кърупатæ æмæ макъаронтæ, сурфых фыд – æнæмæнг хъæугæ хойраджы продукттæ, æдæппæтæй 525 хызыны

Зын сахат кæрæдзийæн баххуыс кæнын, уый нæ рагфыдæлты фæтк, æмæ æххстгонд цæуы абон дæр. Ныртæккæйы уавæрты æгуыстæй чи баззад, стæй бирæсывæллонджын бинонтæн се ххусы хай хæссынц Алагиры районы амалхъом адæм. Æвдисæн сын уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Æлбегаты Земфирæйы бинонтæ чысыл не сты. Иу хæдзары цæры йæ цардæмбал, йæ фырт, цоты цот æмæ йæ ходыгъдимæ. Йæхæдæг у пенсиисæг æмæ ныртæккæ хæдзарæй æддæмæ нæ цæуы. Хойраг сын сæ хæдзармæ кæй æрбахастой, уый сын стыр æххуыс у.

Сысджы, зетъи, цай, кърупатæ æмæ макъаронтæ, сурфых фыд – æнæмæнг хъæугæ хойраджы продукттæ, æдæппæтæй 525 хызыны.

Црауы цæрæг æмæ бархион Хъайттаты Аслан зæгъы, æххуыс  алы хæдзармæ кæй бахæццæ кодта.

Адæмæн æххуыс кæнын арфæйаг хъуыддаг у, зæгъынц æфсымæртæ Хъайттаты Карл æмæ Зæнджиаты Альберт. Кæнынц фæндæгтæ цалæггæнæн куыст, фæлæ нæ республикæйы сæргълæууæг куы фæсидт адæммæ, уæд иуварс нæ баззадысты. Сæ хъæуккæгтæн радих кодтой фæрæзтæ.

Бинонтæ йæ хъæппæрисы фарс рахæцыдысты, æмæ сæ хæдзары кæртæй сарæзтой скълад.

Суададжы цæрджытæн та æххуыс кæнынц Хæдарцаты фсымæртæ Руслан æмæ Махарбег. Се ргом аздæхтой æххуысхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн, уыимæ куыд сæ хъæуы, афтæ районы дæр.

Арфæйы ныхæстæ зæгъынц Биазырты бинонтæ дæр. Хъомыл кæнынц 5 сывæллоны. Ацы бонты бинонты хистæр ссис æгуыст.

Бинонтæ зæгъынц – ацы зын рæстæджы æнæ искæйы æххуыс сын зын уыдаид. Ахæм уавæры та бирæтæ бахаудтой, фæлæ ма   ис ахæмтæ дæр, æмæ йæ уæхск чи бадардта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania