Архайдтой дзы 11 командæйы Цæгат Кавказы республикæтæй, Воронежæй æмæ Мæскуыйы облæстæй. Се ппæт дæр равдыстой хорз цæттæдзинад.
Авиамоделисттæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, адæймаг диссæгтæ нæ уыны, фæлæ у хуымæтæг практикæ. Куыстуарзондзинад, æмæ фидар удыхъæд… Ацы дыууæ миниуæджы æххуыс сты цыфæнды спорты дæр бæрзонд æмвæзадмæ схизынæн. Фæлæ уæддæр моделизм домы къухæй арæхстджын уæвын. Ам райсæн ис, хæстон цæф дæр. Æппæты фыццаг хъыгдард баййафынц хæдтæхджытæ сæхæдæг дæр. Модельтæ фыццаг бакастæй сты хуымæтæг, фæлæ сæ сæмбырд кæнын алкæйы бон нæ бауыдзæн. Искæцы дзы куы асæтта, уæд æй бандадзæн ис скотчæй. Кæд архайджытæ профессионалон не сты, уæддæр дзы се хсæн ис фæлтæрдджын специалисттæ дæр. Чидæртæ дзы ацы куыст кæнынц цæрæнбонты, кæмæндæр та йæ спортивон фæндаг райдыдта нырма ныр.
Ирина Паршиковайыл цæуы 14 азы, фæлæ ныридæгæн у æппæтуæрæсейон ерысты призер. Мæскуыйы облæстæй Алагирмæ ссыди фыццаг хатт. Йæ фыццаг тох ахицæн стыр уæлахизæй æмæ хæстон цæфæй.
Чызджы ныхмæлæууæг уыди профессионал. Валерий Чмищенко авиамоделизмы архайы 40 азæй фылдæр. Йæхи къухтæй æмбырд кæны модельтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дæ куыст куы уарзай, уæд зын хъуыддаг нæу.
Ерысты ныхмæлæуддзинад у бæрзонд. Æдæппæтæй дзы архайын 11 командæйы Цæгат Кавказы федералон зылдæй, Мæскуыйы облæсть æмæ Воронежæй. Командæтæ алыхуызон æмæ бирæ кæй сты, уый спортсменты разæнгард кæны, зæгъынц ерытæ аразджытæ. Уымæ гæсгæ, авиамоделизм Алагиры рæзы зæрдæйы фæндон.
Шлем скæнын у ерысты æнæмæнг домæн. Æнæ уымæй ерысты архайæгæн йæ бон у къуылымпыдзинæдтимæ сæмбæлын. Уымæ гæсгæ, алчидæр архайы домæнтæ æххæст кæнын, æмæ афтæмæй стыр уæлахизтæм тырнын.
Касаты Наирæ




