филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 воскресенье, 01 февраля 2026
14 января 2021, 12:11
Алагиры районы кусы мобилон «Кванториум»

Цæмæй фылдæр скъоладзаутæн фадат уа ам зонындзинæдтæ райсынæн, уый тыххæй кусы 2-æм æмæ 3-æм скъолаты бындурыл

11 январæй фæстæмæ Алагиры районы кусы мобилон «Кванториум». Цæмæй фылдæр скъоладзаутæн фадат уа ам зонындзинæдтæ райсынæн, уый тыххæй кусы 2-æм æмæ 3-æм скъолаты бындурыл. Дыууæ къуырийы дæргъы сын дæтдзысты технологийы уроктæ. Уый фæстæ та ацæудзысты æндæр районмæ. Æдæппæтæй 2020-æм азмæ мобилон «Кванториум»-ы сахуыр кодтой 360 адæймаджы. Ам ис ахуырады 4 хуызы. IT æмæ VR-ы сывæллæтты ахуыр кæнынц хи хъæзтытæ саразыныл. Аэро æмæ Гео-йы хайадмæ чи цæуы, уыдонæн та амонынц квадрокоптерты программæтæ аразын. Промышленнон дизайн æмæ робототехникæйы – скъоладзаутæ æмбырд кæнынц, змæлгæ чи кæны, ахæм роботты æмæ архайынц 3d- модельтæ аразыныл дæр.
Мобилон «Кванториум» у нырыккон техникон фæрæзтæй ифтонг хæдтулгæ. Æмæ дæрддзæф хъæуты цæрæг скъоладзауты ахуыр кæны бæрзонд технологон кусæнгæрзтыл арæхсын. Ацы проект æппæт бæстæйы æххæстгонд цæуы национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты «Алы сывæллоны æнтыстдзинад», зæгъæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania