филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:48 воскресенье, 19 мая 2024
17 апреля 2014, 17:27
Алагиры районы, Ногхъæуы культурæйы хæдзары къулыл мемориалон фæйнæг байгом ирон фыссæг Дзаболаты Хазбийы номыл

Поэт райгуырд 1931-æм азы Ног хъæуы. Ам арвыста йæ сабийы бонтæ, ам фыста йæ фыццаг æмдзæвгæтæ. Ног хъæуы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ йæ ном хæссы культурæйы хæдзар.

Алагиры районы, Ногхъæуы культурæйы хæдзары къулыл мемориалон фæйнæг байгом ирон фыссæг Дзаболаты Хазбийы номыл
Поэт райгуырд 1931-æм азы Ног хъæуы. Ам арвыста йæ сабийы бонтæ, ам фыста йæ фыццаг æмдзæвгæтæ. Ног хъæуы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ йæ ном хæссы культурæйы хæдзар.

Ирон литературæйæн стыр хæрзты чи бацыд, уыдонæй иу у поэт, нæ раздæры æмкуысæг Дзаболаты Хазби. Райгуырд 1931-æм азы Ног хъæуы. Ам арвыста йæ сабийы бонтæ, ам фæлвæрдта йæ фыццаг сфæлдыстадон куыстытæ. Поэт æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ хъæу, йæ сыхæгты, æмæ кæй зæгъынæй хъæуы йæ ныййарджыты. Уый ирдæй æвдысты йæ сфæлдыстады.

Поэты цардвæндаг дæргъвæтин нæ уыд. 1969-æм азы тъæнджы мæй ирыстоны зындгонд поэтæн йæ цард æнæнхъæлæджы аскъуыдуыд. Фæлæ æнæмæлгæ у йæ сфæлдыстад. Абон дæр скъоладзаутæ ахуыр кæнынц йæ æмдзæвгæтæ. Ног хъæуы цæрджыты фæндонмæ гæсгæ, стæй Алагиры районы культурæйы хайады уынаффæмæ гæсгæ йæ ном хæссы хъæуы культурæйы хæдзар. Дзаболаты Хазбийы номыл ам кадджын уавæры байгом мемориалон фæйнæг дæр.

Хазбийы номарæн мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисты разамонджытæ, фысджытæ, районы æмæ хъæуы минæвæрттæ.

Хæбæлаты Фатимæ, культурæйы министр: «Пушкины ном куыд цæры æмæ рохуаты никуы уыдзæн, æвæццæгæн раст уыдзæн, мах иуыл куы бакуысæм ууыл æмæ Хазбийы ном дæр афтæ рох макуы уа. Раджы заман афтæ загътой, фылдæр лæвар у чиныг æмæ чингуыты æрластам библиотекæйæ æмæ ма мæ зæрды ис конкурс дæр саразын».

Дзаболаты Хазбийы номыл мадзал сфидыдта скъоладзаутæ цы æмдзæвгæтæ бакастысты, стæй цы концертон номыртæ бацæттæ кодтой, уыдонæй.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania