14 января 2013, 09:24
Алагиры районы сгарæн агурæн къорд «Харон»-ы уæнгтæ ссардтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи æрхауд, ахæм хæдтæхæг
Фæлæ йæм зын бацæуæн у.
Фæлæ йæм зын бацæуæн у. Фистæгæй йæм цæуын хъæуы суткæйы бæрц, уымæ гæсгæ къорды сæргълæууæг Тæтæраты Алан курдиæттæ арвыста республикон ДОСААФ-мæ æмæ Дзæуджыхъæуы клуб «4X4»-мæ, цæмæй сын баххуыс кæной, хæдтæхæгæй ма цы баззад, уыдон раласынмæ.
Бомбардировщикæй бирæ нал баззад. Хъыгагæн дзы, бынæттон цæрджытæ дæр бирæ цыдæртæ фæхастой. Фæлæ ма дзы цы баззад, уыдон сгарæн къорды уæнгтæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ раластой.
Ныр бæрæг кæндзысты, хæдтæхæг кæцы полкмæ хауд, чи йыл тахтис, куы æрхауыд уыцы бон штурвалыл чи бадт, уый.
темæмæ гæсгæ




