филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:16 среда, 03 июля 2024
11 марта 2022, 14:22
Алагиры районы цæрджытæ бирæ азты тыхсынц нуазыны доны сыгъдæгдзинады фарстайæ

Æнæзонгæ хъуыддаг нæу бæрнон кусджытæн

Алагиры районы цæрджытæ бирæ азты тыхсынц нуазыны доны сыгъдæгдзинады фарстайæ. Æнæзонгæ хъуыддаг нæу бæрнон кусджытæн. Бæстон цæстдард æм цæуы республикæйы разамынды рдыгæй дæр. Сергей Меняйло бабар кодта дондзæуæн кусæнгæрзты арæзтадыл æмæ системæйы рацарæзты хъуыддагыл æвæсиатæй бакусын. Уыимæ районы разамынд уыцы фарстамæ хъуамæ æркæса уæлдай бæрнонæй. Ныридæгæн бакуыстой проектон-сметон документацийыл æмæ райстой паддзахадон экспертизæйы хатдзæг. Хъæуы ма фæрæзтæм банхъæлмæ кæсын. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Нуазыны доны фарста, раздæрау, у тынг ахсджиаг. Социалон хызты рæстæгæй-рæстæгмæ апарахат вæййы видеоæрмæг, Алагиры районы хæтæлты цы чъизи нуазыны дон кæлы, уый фæдыл. Цæрджытæ тыхсынц, зæгъгæ ахæм донæй куыд пайда кæнæн ис? Алагиры администрацийы зæгъынц, доны хæрзхъæддзинад тæссаг нæу.

Уæвгæ, нуазыны доны хæрзхъæддзинады фарста сæвзæры сезонмæ гæсгæ. Район донæй æфсадынц арф гуырæнтæ æмæ донæмбырдгæнæнтæ. Специалисттæ зæгъынц, донмæ чъизи бахауы Гуысырайы донæмбырдгæнæнæй. Фæлхасадмæ цæстдарды Упраленийы кусджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ донæн скæнынц анализ. Ленины, Кировы æмæ Хетгкаты Къостайы уынджы донымæ фарста сæвзæры арæх. Дондзæуæн хызтæ сты зæронд. 20 азы бæрц сæ нæ ивтой. Хæтæлтæ хуынчъытæ кæй сты, уымæ гæсгæ дзы доны лхъывдад æрхауы. Районæн чи лæггад кæны, уыцы кусæнгæрзтæ арæзт æрцыдысты 90-æм азты. Фильтрацийы системæ базæронд, æмæ йæ хъæуы баивын. Уыцы куыст бакæнынмæ хъавынц хæстæгдæр рæстæг

Ацы фарстайыл ивгъуыд аз Сергей Меняйло æрныхас кодта вице-премьер Маратом Хуснуллинимæ. Афтæмæй арæзтады министрадæн бабар кодтой фæрæзты фарстайыл бакусын. Регионы разамонæг ма бабар кодта æвæстиатæй нуазыны доны фарста алыг кæнын. Куыд æххæстгонд цæуынц амынддзинæдтæ, уый фæдыл нын цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад бæлвырд дзуапп нæ радта. Æмæ цалынмæ Алагиры æмæ районы уæллаг хайы доны лхъывдад ныллæг у, уæдмæ та бындæр рæтты дон кæлы парахатæй. Хъæмæрзаты Аллæ куыд радзырдта, афтæмæй йæ хæдзары дон кæлы сыгъдæгæй. Зындзинæдтæ ййафынц стæм хатт.

Уæллаг Бирæгъзæнджы донæй цух не ййафынц. Зымæг афтæ уазал кæй нæ уыди, уый тыххæй ныртæккæ дæр хорз кæлы.

Æрдзон хорзæхæй цух не ййафынц, фæлæ йæ арæх æнæхъуаджы бирæ калынц, зæгъынц специалисттæ. Пайда дзы кæнынц цæхæрадæтты. Уавæрмæ бæстон цæстдард цæуы республикæйы Сæргълæууæджы рдыгæй.  Кусæг балцы рæстæг районмæ бæрнон кусджытæн радта бæлвырд амынддзинæдтæ. Гуысырайы донæмбырдгæнæны куысты хъомыс фæкъаддæр дыууæ хаттæй фылдæр. Уый баст у Зæрæмæджы ГЭСы арæзтадимæ. Фарста алыг кæнынæн фæахъаз уыдзæн федералон программæты архайд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania