филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:17 суббота, 28 сентября 2024
05 ноября 2020, 12:49
Алагиры районы Црауы хъæуы басыгъд Бутаты Ларисæйы хæдзар

Сылгоймаг æй балхæдта 11 азы размæ, æмæ уыцы рæстæг архайдта кæлæддзаг хæдзары царды уавæртæ саразыныл

Алагиры районы Црауы хъæуы басыгъд Бутаты Ларисæйы хæдзар. Сылгоймаг æй балхæдта 11 азы размæ, æмæ уыцы рæстæг архайдта кæлæддзаг хæдзары царды уавæртæ саразыныл. Ныр йæ фæллой цыбыр рæстæгмæ сау пиллон фестад. Дудиаты Джинæ радзурдзæн бæлвырддæр.

7 минуты, æмæ  Бутаты Ларисæйы хæдзар сау пиллон фестад. Уыцы рæстæг сылгоймаг сæхимæ нæ уыд,  кусы артаджы станцæйы. Хæдзар кæй басыгъд, уый дæр фехъусыта йе мкусджытæй,  Зынгсирвæзт æрцыд, электрон тыхдæтæг телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый  аххосæй.

Црауы Сабырдзинады уынджы ныр 11 азы дæргъы Ларисæ царди иунæгæй. Рæстæджы цыдимæ йæ хæдзармæ зылд, фæлæ чысыл самандурæй амад хæдзар цыбыр рæстæгмæ арты уацары бацис. Йе рбацыдмæ  арт ахуыссын кодтой. Фæлæ дзы ницыуал баззад. Ныртæккæ Ларисæ цæры йæ сыхæгтæм,  кæмæн йæ бон цæмæй у, уымæй йын алчидæр æххуыс кæны. Фыццæгтæй иу уыд Алагиры районы муниципалон сконды сæрдар Цогойты Феликс.

Ныртæккæ дысфæлдæхтæй Ларисæйæн аразынц ног хæдзар, хъуамæ фыццаг уазæлттæм хæдзары сæр æрцæуа æмбæрзт.

Ларисæйæн чи батæригъæд кодта, уыдоны фæрæзтæй  баххуырста кусджыты æмæ ныр бæллы, цæмæй ног азыл сæмбæла йæхи ногарæзт хæдзары.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania