филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:34 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2023, 11:11
Алагиры скъолаты сæвæрдтой мемориалон фæйнæджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы архайджытæн

Иууылдæр уыдысты ацы скъолаты рауагъдонтæ

Алагиры 4-æм æмæ 5-æм скъолаты сæвæрдтой мемориалон фæйнæджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы архайджытæн. Иууылдæр уыдысты ацы скъолаты рауагъдонтæ. Хъæбатыртæй иуæй-иутæ ахуыр кодтой иу къласы, иумæ фæмардысты, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ныфсхаст, фæлæ нырма бынтон æрыгон цæсгæмттæ… Ахæмтæй баззадысты æнустæм. Ацы фæсивæдæн нал бантысдзæн сæ уарзон скъоламæ бахызин, ахуыргæнджыты ахъæбыс кæнын, хъæлдзæг цаутæ æрымысын. Ам цæссыг нæ уромынц æппæты кæстæртæ дæр. Зындзинад цы у, уый хъуамæ чи нæ зона, уыдон. Фæлæ ацы хуызистытæм æндæр зæрдæйы ахастимæ кæсæн нæй. Уæлдайдæр та, ацы адæм сæ цард Фыдыбæстæйы сæрвæлтау кæй радтой, уый æмбаргæйæ.

Мухтарты Аслан, Елуаты Чермен, Цгъойты Ацæмæз, Дзæрæхохты Сергей. Алагиры 5-æм скъолайы рауагъдонтæ æмæ æцæг хъæбатыртæ. Алчидæр сæ йæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд у Лæгдзинады орденæй.

Ирон адæмы аккаг фыртты Алагиры иу скъола не схъомыл кодта. 4-æм скъолайы мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой 6 хъæбатырæн. Æртæйæ ахуыр кодтой иу къласы.

Уыдон баззадысты хæсты быдыры. Сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ тох кодтой, æмæ иу уысм дæр нæ дызæрдыг кодтой, уый раст кæй у. Тлатты Зауыр сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацыд бархионæй. Бæлвырд зыдта, Фыдыбæстæ хъахъхъæнын – йæ хæс у.

Зауыр йæ цардæй кæй ахицæн, ууыл бинонты хъуыды кæнын дæр нæ фæнды. Æгас у, чи йæ зыдта æмæ уарзта, уыдоны зæрдæты, стæй йыл цы уацмыстæ ныффыстой, уыдоны. Уыцы æмдзæвгæтæй иу чысыл Камиллæ ныр æппæтæй хуыздæр зоны, уымæн æмæ йæ уарзон фыды тыххæй у.

Ам алчидæр хъæбатыр у. Æмæ уыдонæй алкæйдæр зыдта Тлатты Хетæг. Фронты иу хатт нæ сæмбæлдысты. Дзуры æрмæст йæ хæрзæфсымæры лæгдзинады тыххæй нæ, хъуыды кæны иннæ хæстон хæлæртты хъæбатырдзинад дæр. Зæгъæм, Дзасохты Аланы. Æдзухдæр уыд къæрцхъус, йæ бон уыд знаджы цавæрфæнды уавæры дæр рабæрæг кæнын.

Ацы æрыгон лæппутæн, хъыгагæн, бирæ нæ бантыст. Фæлæ сын, цардæн цы рæстæг лæвæрд уыд, уый фаг уыд, æппæтæй стырдæр хъуыддаг сæххæст кæнынæн – Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ сыстынæн, æмæ йæ сæрвæлтау æппæтæй зынаргъдæр цы ис, уый радтынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania