филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:31 воскресенье, 29 сентября 2024
15 сентября 2014, 18:09
Алагиры тъæнгты низæй хъыгдардбаййафæг адæмы нымæц схызт 109-мæ

Сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Низ сыл бахæцыд горæты нуазыны донæй.

74289
Сæ фылдæр сты сывæллæттæ. Низ сыл бахæцыд горæты нуазыны донæй. Хъыгдардбаййæфæг сывæллæттæн æххуыс кæнынц Алагиры районы, сывæллæтты республикон клиникон æмæ Дзæуджыхъæуы тагъдæххуысы клиникон рынчындæтты.
Сæ уавæрыл абон ныхас кодтой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны управленийы. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй уæззау рынчын ничи у. Фæлæ дохтыртæ æнхъæлмæ кæсынц ног рынчынтæм. Уый та уымæн, æмæ тъæнгты низтæ 10 бонмæ нæ рабæрæг вæййынц. Фыццæгтæ рынчындонмæ бахаудысты ивгъуыд майрæмбоны.
Ныртæккæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны управленийы кусджытæ сæ цæст дарынц уавæрмæ. Бæрæг кæнынц доны сыгъдæгдзинад.
Лабораториты куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй нуазыны доны «ротовирусный» кæй хонынц, æрмæст ахæм инфекци нæ уыд. Специалисттæ ма доны рабæрæг кодтой дизентерийы æмæ сальмонеллезы вирустæ.
Специалистты информацимæ гæсгæ низхæссæг вирустæ фæзындысты доны хæтæлты.
Алагиры доны хæдзарады аххос дзы нæй. Уым дон сыгъдæггонд цæуы, куыд æмбæлы, афтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania