Адæймаг йæ æрыгон бонтæй исты хъуыддагмæ уарзондзинад куы рахæсса, уæд ыл вæййы тынг æнувыд. Æдзух фæархайы, куыд хуыздæр æй скæнæн ис, ууыл. Уæлдайдæр та аивадон куыст куы кæна, уæд.
Алагиры цæрæг Битарты Зæирæ бирæ азты кæны нывæфтыдтæ. Ацы бонты бынæттон музейы байгом йæ куыстыты равдыст. Æмæ ныр се ппæты бон дæр у зындгонд нывгæнæджы куыстытæ фенын.
84 азыдзыд æрмдæсны Битарты Зæирæ ма хорз хъуыды кæны 50-60-70-æм азты нывхуыдтæ куыд парахат уыдысты, уый. Алы сылгоймаг дæр-иу архайдта рæсугъддæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр хæдзары æмæ аивгæнæн дзаумæттæ скæнын. Уæдæй абонмæ Битарты Зæирæ рæсугъддзинад хæссы, йæ алыварс чи ис, уыдонæн. Зын куыст у æви нæ, зæгъгæ, йæ куы бафæрсай, уæд сылгоймаг ратты дзуапп – цы куыст кæнай, уый куы уарзай, уæд алцыдæр æнцондæрæй цæуы. Дæ куысты бауадзыс дæ уды хъарм, де нкъарæнтæ – æмæ йæ адæм дæр фенынц æмæ бамбарынц. Кæд ыл 84 азы цæуы, уæддæр агуры рæсугъд æмæ цымыдисаг нывтæ.
Битарты, Дзугаты Зæирæ: «Кæд мæ зæрдæмæ фæцæуы ныв, уæд ыл кусын райдайын. Скæнын æй. Цымыдисæй æмæ йыл зæрдиагæй фæкусын. Мæ чызг мæ ницы цух уадзы: нæдæр æндаххъуаг нæ дæн, нæдæр æмбæлгæ судзин. Мæ бон æддæмæ уый бæрц цæуын нæу. Æмæ мын сласы алы рæттæй нывтæ æмæ дзы равзарын зæрдæмæдзæугæдæр».
Алы бон дæр цалдæр сахаты, мингай сынчы… «Ацы куыст ницæимæ ис абарæн» – зæгъынц æрмдæснытæ. Иу нывхуыд бацæттæ кæнынæн ацæуы цалдæр мæйы. Æмæ адæймаг йæхæдæг дæр цымыдисæй фенхъæлмæ кæсы, куыд рауайдзæн, хи зæрдæмæ фæцæудзæн æви нæ? Зæирæйы чызджы ныхæстæм гæсгæ, мад куыстыл куы сбады, уæд æй ничиуал аиуварс кæндзæн. Цалынмæ йæ фæуа, уæдмæ нæ ныллæудзæн. Зæирæ бирæ азты цы куыстытæ кодта, уыдон ныр фенæн ис Алагиры музейы.
Черчесты Фатимæ, Алагиры музейы хицау: «Алы адæймаг дæр йæ къухтæй исты куы кæна, куы арæхса, уæд йæхицæн дæр æхсызгон вæййы, иннæтæн дæр циндзинад хæссы. Æмæ «бузныг» зæгъын Зæирæйæн йæ курдиаты тыххæй. Кæстæртæ дæр кæй бафæзмой, уый ис».
Пейзажтæ, натюрморттæ, суанг ма портреттæ дæр – йæ куыстытæ сты алыхуызон. Куыд фæзæгъынц иуæй-иннæ рæсугъддæр… Нывхуыдтæй уæлдай ма дзы фенæн ис, цы хæдзары дзаумæттæ кæны, уыдон дæр. Афтæ рæсугъд конд сты æмæ сæ чи фены, уыдон сæхæдæг смондаг вæййынц æмæ сæ бафæнды сæхимæ дæр ахæм дзаумæттæ куыд уой, уый. Æмæ сæ Зæирæ дæр зæриагæй лæвар кæны йæ зонгæтæн, хæстæджытæн, уарзон адæмæн.
Битарты, Дзугаты Зæирæ: «Æнхъæл дæр нæ уыдтæн мæ куыстытæ иннæты зæрдæмæ афтæ тынг фæцæудзысты, уый. Фыццаджыдæр мæхицæн куыстон. Мæхицæн сæ кодтон. Фæлæ сæ музейы кæй æвдисынц, уый мын æхсызгон куыд нæу. Архайдзынæн дарддæр дæр æмæ кæд искæмæн æхсызгон уой, уæд, мæнæн дæр æхсызгон уыдзæн».
Музейы арæх уазджытæ сты фæсивæд дæр. Æмæ кæд ныры дуджы кæстæрты хсæн нывхуыдтæ парахат не сты, уæддæр сæм зæрдиагæй бакæсынц. Æхсызгон уый у æмæ кæйдæрты бафæнды ахæм хæрдгæхуыдтæ скæнын.
Черчесты Фатимæ, Алагиры музейы хицау: «Къухæй дæсны чи у, ахæм æрмдæснытæ нæм бирæ ис. Æмæ нæм фæзын хъуыды нæ музæй байгом кæнын æрмдæсныйады скъола». Чи зоны æмæ музейы бындурыл скъола кусын куы райдайа, уæд Зæирæйы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнгæйæ, æрыгæтты хсæн дæр фылдæр кæндзысты æрмдæсныйадмæ æмхиц чи у, ахæмтæ.
Зыхъуаты Жаннæ




