филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:56 воскресенье, 01 февраля 2026
02 июня 2022, 12:57
Алагиры уыд «Уæлладжыры комы атлас»-ы презентаци

Атлас саразæг Хæххон Паддзахадон аграрон университеты ахуыргæнæг Таматы Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, йыл фæкуыста афæдзæй фылдæр

Ирыстоны кæмтты рæсугъддзинад йæхимæ бирæты лвасы. Æмæ цæмæй уыцы кувæндæттæ, æхсæрдзæнтæ, æмæ æндæр цымыдисаг объекттæ æнцондæр арæн уой, ууыл ахъуыды кодта Малиты Георгийы номыл æхснады сæрдар Таматы Таймураз. Адæмы размæ сæ рахаста чингуыты хуызы. Сæ иу «Уæлладжыры комы атлас». Йæ презентаци уыд Алагиры центрон библиотекæйы. Бæстондæр нын мадзалы, стæй чиныджы кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Уæлладжыры комы рæсугъд æрдз æмæ зæрдылдарæн историон бынæттæ цæмæй фылдæр адæм зоной, уый тыххæй фæзынд хорз гæнæн. Рухс федта, чи зоны æмæ æппæт дунейы цæрджытæм дæр фæхæццæ уыдзæн ног рауагъд «Уæладжыры комы атлас». Йæ презентаци уыд Алагиры центрон библиотекæйы.

Атлас саразæг Хæххон Паддзахадон аграрон университеты ахуыргæнæг Таматы Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, йыл фæкуыста афæдзæй фылдæр. Мадзалы бацархайдтой Алагиры администрацийы, фæдзæхст бынаты минæвæрттæ, фысджытæ, скъоладзаутæ. Се ппæты зæрдиаг архайд мадзалы дызæрдыггаг нæ уыд. Стыр аргъ скодтой Таматы Таймуразы фæллойæн.

Уæвгæ Таматы Таймуразы куыстытæн ис стыр историон ахадындзинад. Баст сты Ирыстоны æрдзимæ, æгъдæуттимæ æмæ национ хæзнатимæ. Йæ бирæ куыстытæй пайда кæнынц скъолаты, уыимæ сты цымыдисаг Ирыстоны культурон хæзнатæн аргъгæнджытæн.

Чиныг «Уæладжыры комы атлас» – ы презентаци рауад ирд æмæ цымыдисаг. Мадзал саразджытæ канд чиныджы ахадындзинадыл нæ дзырдтой, фæлæ ма ирондзинадыл æмæ фыдыбæстæмæ уарзондзинадыл. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ йæ удмæ хæстæг цы адæймагæн нæ уой, уый сæ фæлтæртæм хæццæ кæныныл дæр нæ кусдзæн.

Уæвгæ куыд Уæлладжыры комы атлас, афтæ Дыгургомы æрдзы атлас дæр пайдайаг уыдзысты куыд скъоладзаутæн, афтæ туристтæн. Сæ фæрцы æнцонтæй базонæн ис, цы ран дæ комы, уый, уыимæ дарддæр акæнын дæ фæндаг æндæр цымыдисаг бынатмæ. Автор стыр æргом аздæхтæ йæ куыстыты бынæтты къамты хæрзхъæддзинадмæ. Уымæ гæсгæ атластæ рауадысты ирд фæлыстгонд.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania