филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
29 апреля 2021, 13:30
Алагиры уынгтæй иуы цæрджытæ тынг тæрсынц донивылдтыты сезонæй

Хæдзæрттæй гыццыл дарддæр цæуы дон

Алагиры уынгтæй иуы цæрджытæ тынг тæрсынц донивылдтыты сезонæй. Хæдзæрттæй гыццыл дарддæр цæуы дон. Фыццаг бакастæй у къаннæг, фæлæ куы раивылы, уæд йæхи равдисы тынг знæтæй. Тæссаг вæййы бынæттон цæрджытæн. Уавæр аивыны тыххæй адæм æххуысагуыр цæуынц алы куыстуæттæм, фæлæ нырма хъуыддаг йæ бынатæй не змæлы. Доны хивæнд митæй хъыгдард æййафынц уый иу, фæлæм ма дзы сбирæ сты кæлмытæ дæр. Бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Кæд бирæтæн доны уынæр уды æнцойдзинад хæссы, уæд дзы Алагиры Леснойы уынджы цæрджытæ та тæрсæгау кæнынц. Фыццаг бакастæй гыццыл цæугæдон донивылдтыты рæстæг йæхи равдисы знæтæй. Æрдзон фæзындтæ сæ фæстæ расайынц стыр фыдбылызтæ. Донивылдтыты рæстæг цæугæдон ракæлы йæ былтæй. Дон ссæуы цалдæр метры уæлдæр. Цæрджытæ тæрсынц 2010-æм азы цы хъæрмттæ уыди, ахæм рæстæг та куы скæна, уымæй. 11 азы размæ дон афтæ тыхджынæй ракалд, æмæ æрхаста стыр зиæнттæ, йæ размæ цыдæрридæр уыди, уыдон ныппырх кодта. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ разæй ахаста æфсæйнаг киоск дæр. Фыдбылыз уыди егъау.

Алы аз дæр донивылдтыты сезон цæрджытæ сæхицæн бынат нал фæарынц. Уымæн æмæ цæугæдон йæхи куыд дардзæн, уый ничи зоны. Исты гæнæн ссарыны тыххæй курдиат бахастой администрацимæ дæр. Доны былгæрæтты кæцыдæр хæйттæ ныффидар кодтой, фæлæ уый æрмæстдæр иу рдыгæй.

Уавæрмæ сæ цæст дарынц республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй донвæд у уынгæг, æмæ йæ уæззау техникæйæ ссыгъдæг кæнынæн гæнæн нæй.

Дыууæ уынджы чи иу кæны, уыцы хид донæй пырх кæны. Бетонæй конд къæйдуртæ дæр хæлынц æмæ сты тæссаг. Хидыл бырутæ нал ис. Тыхджын донивылдтытæй къанау куы сыгъдæг кодтой, уæд былгæрæттыл баззади змисы æмæ дурты стыр обæуттæ. Ам сбирæ сты кæлмытæ, куыд æнæмарг ужтæ, афтæ маргджын гадюкæтæ дæр. Бирæ сты доны дæр. Адæм тæрсынц сывæллæтты æддæмæ уадзын, уымæн æмæ ацы бынæттæ æдас не сты. Доны былгæрæттæ æмбæлгæ уагыл фидаргонд куы æрцæуиккой, уæд ацы фарста дæр лыггонд æрцæуид.

Алагиры цæрджытæ курынц, цæмæй сын скæной фидар хид æмæ сæ тротуартæ, сæйрагдæр та – доны былгæрæттæ ныффидар кæнын. Цæмæй донивылдтыты радон сезон адæмæн стыр зиантæ ма æрхæсса, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania