филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:01 воскресенье, 01 февраля 2026
09 декабря 2021, 11:59
Алайнаг гимназы арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ

Бæрнон кусджытæ бæрæг кодтой, зынгсирвæзты рæстæг архайынмæ куыд цæттæ сты, уый

Алайнаг гимназы арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ахуыртæ. Бæрнон кусджытæ бæрæг кодтой, зынгсирвæзты рæстæг архайынмæ куыд цæттæ сты, уый. Ацы темæ уæлдай ахсджиаг сси, Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайы зынгсирвæзт куы рцыд, уый фæстæ. Ирвæзынгæнджытæ стыр æргом аздæхтой сывæллæтты эвакуацимæ.

Ахуырты æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, электрон тыхдæттæг телтæ кæрæдзиуыл андæзвыдысты, æмæ скъолайы библиотекæйы æрцыд зынгсирвæзт. Скъоладзауты æмæ ахуыргæнджыты аирвæзын кæнынмæ батагъд кодтой зынгхуыссынгæнæн машинæтæ.

Уавæр зындзинæдтæ æвзарын кæны уымæн æмæ Алайнаг гимназмæ бацæуæн у нарæг. Фæлæ уæддæр специалистты раст æмæ бæлвырд архайды фæрцы адæм не стыхстысты, бæстыхайæ рацыдысты æвæстиатæй. Зынгхуыссынгæнджытæ та арт фæмынæг кодтой.

Фæлæ фæзынди цæлхдуртæ. Ахуырты æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ дыккаг уæладзыджы кабинеты баззад дыууæ скъоладзауы. Сæхи бон рацæуын нæ баци, уымæ гæсгæ зынгхуыссынгæнджыты бахъуыд асинтæй спайда кæнын.

Ахуырты архайдтой зынгхуыссынгæнджытæ, медиктæ, пъæлицæйæгтæ æмæ газы аварион службæты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 46 адæймаджы æмæ техникæйы 20 машинæйы.

Ахуыртæ ма иу хатт равдыстой, æппæт структурæтæ æнгом æмархайд кæй кæнынц, уый. Афтæмæй та адæмы цард кæны æдасдæр æмæ æнцондæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania