филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:39 вторник, 08 июля 2025
16 июля 2019, 12:50
«Алани»-йы футболисттæ абон Профессионалон лигæйы райдианы акæндзысты сæ фыццаг матч

Знон та футболисттимæ æмæ тренертимæ аныхас кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав

«Алани»-йы футболисттæ абон Профессионалон лигæйы райдианы акæндзысты сæ фыццаг матч. Уыдзæн республикон стадион «Спартачы». Знон та футболисттимæ æмæ тренертимæ аныхас кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй сын алы хъазты дæр сæйрагдæр у уæлахизмæ тырнын, æмæ фидар удыхъæд æвдисын. Республикæйы разамонæг ма командæимæ фембæлды куыд фехъусын кодта, афтæмæй 100 милуан сомы схардз кæндзысты сывæллæтты лагерь «Звездочка»-йы цалцæгыл. Йæ бындурыл та сараздзысты футболон академи курдиатджын сывæллæттæн. Футболон клубы президент Гæбулты Владимир фехъусын кодта, нæ командæ сезоны размæ йæ тыхтæ зынгæ кæй фæфидардæр кодта, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania