08 октября 2019, 12:10
Аланты культурон бынтæй археологон æрмæг лæвæрд æрцыд национ музеймæ
1200 æрмæджы ссардæуыд, Мæздæгæй Грознамæ газы хæтæлтæ æвæрыны размæ цы иртасæн куыст цыд, уым.
Аланты культурон бынтæй археологон æрмæг лæвæрд æрцыд национ музеймæ.
1200 æрмæджы ссардæуыд, Мæздæгæй Грознамæ газы хæтæлтæ æвæрыны размæ цы иртасæн куыст цыд, уым. Фæскавказы экспедицийы разамонæг у Мæскуыйаг специалист Владимир Малашев. Уæрæсейы наукæты академийы хистæр наукон кусæг радзырдта, кæй ссардтой 3-5 æнусты конд сызгъæрин, бронзæ, æвзист, æфсæйнаг æмæ керамикæйæ конд алыхуызон дзаумæттæ – уæлæдарæс, æфсæддон хотыхтæ, къустæ æмæ сылгоймаджы аивгæнæнтæ. Ныртæккæ экспонаттыл цæуы æрфыст. Фенæн сæ уыдзæн иннæ аз.
