филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:29 суббота, 31 января 2026
17 февраля 2022, 11:10
Александр Новакы разамындæй арæзт æрцыд газ уадзыны фарстаты фæдыл федералон штабы æмбырд

Цæгат Ирыстоны номæй дзы архайдтой Сергей Меняйло, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ, профилон министрадты минæвæрттæ

Уæрæсейы вице-премьер Александр Новакы разамындæй арæзт æрцыд газ уадзыны фарстаты фæдыл федералон штабы æмбырд. Цæгат Ирыстоны номæй дзы архайдтой Сергей Меняйло, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ, профилон министрадты минæвæрттæ, фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Александр Новак бафиппайдта, цыбыр æмгъуыдмæ кæй хъæуы Уæрæсейы Президенты амынддзинæдтæ сæххæст кæнын. Баст сты социалон газифиакциимæ ацы азы кæронмæ. Федералон штабы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абоны онг газ бауадзыны фæдыл курдиæттæ балæвæрдтой 650 минæй фылдæр. Бадзырдтæ та бафыстой  225 мины онг. Уыимæ лæвар газ бауадзыны хъомыс у 2 милуан хæдзарæй фылдæр. Ахсджиаг у уый, æмæ цæрджытæн сæхи фидын нæ хъæуы æмбæлгæ инфраструктурæйæн. Уыцы хæс хауы иумæйаг операторыл стæй регионалон операторыл. Уымæн радих кодтой уæлæмхасæн фæрæзтæ. Ныртæккæ  «Газпром»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фадат фæзынд 160 миллиард сомы радих кæнынæн Уæрæсейы субъекттæн, сæрмагондæй арæзтадон куыстытæн, – загъта подчеркнул Александр Новак. Иугонд Уæрæсейы Генералон советы секретарь Андрей Турчак куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма баззад ахæм регионтæ, социалон газификацийы адæмæн æххуысы мадзæлттæ кæронмæ чи нæма скодта. Уыцы куыст бакæнынæн ма сын ис мæйы бæрц рæстæг. Ам стыр æргом аздахын хъæуы фыццаджыдæр хæсты ветерантæм, бирæсывæллонджын бинонтæм, иунæгæй чи цæры, ахæм пенсиисджытæм, инвалид-сывæллæтты чи хъомыл кæны, ахæм ныййарджытæм, загътой бæрнон кусджытæ. Цæгат Ирыстоны газы инфраструктурæйы рæзтыл архайынц акционерон æхсæнад «Газпром»-ы инвестицион программæйы фæрцы. Газ бауадзыны æмвæзад у 93%, программæ та фадат ратдзæн нымæц 98%-æй фæфылдæр кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania