05 сентября 2025, 10:39
Александр Печерскийы номыл холокосты амæттæгты æмæ хъæбатырты музейы арæзт æрцыд экскурси
Архайдтой дзы нæ бæстæйы алы рæтты цæрæг педагогтæ
Александр Печерскийы номыл холокосты амæттæгты æмæ хъæбатырты музейы арæзт æрцыд экскурси. Архайдтой дзы нæ бæстæйы алы рæтты цæрæг педагогтæ. Дзуттæгты культурон-рухстауæн организаци «Шолом»-ы сæрдар Анатолий Харин уазджытæн радзырдта холокосты трагедийы, стæй Беслæны æвирхъау цауты тыххæй. Номарæн мадзал саразыныл бакуыста наукон-рухстауæн центр «Холокост». Уый ныр 13 азы æнгом æмгуыстад кæны «Беслæны мадæлты» комитетимæ. Алы аз дæр центры минæвæрттæ Цæгат Ирыстонмæ сласынц педагогты, медикты, журналистты, бæстæзонджыты. Сæрмагондæй уый тыххæй, цæмæй сын радзурой сентябры саударæн бонты тыххæй.
темæмæ гæсгæ




