филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:17 понедельник, 13 мая 2024
07 марта 2013, 13:53
Алексей Мачневы разамындæй абон уыд Парламенты Советы æмбырд

Æркастысты, Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Бирæтæ дзы баст уыдысты алы хуызы барадхалæн миты тыххæй æфхæрæн мадзæлттæ фæкарздæр кæнынимæ.

Алексей Мачневы разамындæй абон уыд Парламенты Советы æмбырд. Боны фæткмæ рахастой 50 фарстайæ фылдæр.

Æркастысты, Паддзахадон Думæйæ æмæ Уæрæсейы æндæр субъекттæй цы закъонадон хъæппæристæ æрбацыд, уыдонмæ. Бирæтæ дзы баст уыдысты алы хуызы барадхалæн миты тыххæй æфхæрæн мадзæлттæ фæкарздæр кæнынимæ. Зæгъæм, æрдз хъахъхъæныны æнæзакъон митæ чи кæны, спорты объекттыл æмæ æхсæнадон транспорты уагæвæрд чи халы, хæдзарон цæрæгойты раст чи нæ дары, уыцы адæм хъуамæ æййафой карздæр æфхæрд. Депутаттæ сразы сты закъоны проектыл, цæмæй æрдзон æвирхъау цауты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн уа лæвар юридикон æххуыс. Растыл ма нымад æрцыд, æвзонг зынгхуыссынгæнджыты бархи дружинæтæ ногæй саразыны хъæппæрис. Каст ма цыд «Тарниз парахат кæнын ма руадзыны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссынмæ. Совет ма сразы хъæппæрисыл, цæмæй, арæзтады æмæ архитектурæйы дæсныйадтыл кæм ахуыр кæнынц, уыцы кусæндæтты цæттæ кæной, инвалидты домæнтæн дзуапп дæттæг проекттæ чи кæндзæн, ахæм специалистты.

Гулаты Æхсарбег, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæн-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар: «Абон у афтæ: чи ахуыр кæны, уыдоны ахуыр кæнынц, къултæ цæй фæтæнæн хъуамæ уой, хæдзары сæр цавæр хъуамæ уа. Инвалидтыл уыйбæрц нæ хъуыды кодтой. Дизайнертæ хъуыды кæнынц хæдзары рæсугъддзинадыл. Мах кæй кой кæнæм, уыдон та хъуамæ бацамоной, цавæр фæрæзтæй сифтонг кæнын хъæуы хæдзар, цæмæй инвалидтæн æнцонвадат уа. Стыр ахсджиаг бæрæгбон æрбахæццæ кæны, æмæ Ирыстоны сылгоймæгтæн мæ зæрдæ зæгъы: цыдæриддæр хорздзинадæй æмæ рæсугъддзинадæй ис, уыдонæй хайджын ут, уæ амонд уæ сæрты куыд акæла. Уæ кæстæртæ, уæ бинонтæ, уæ царды фæндæгтæ уæхи фæндиаг куыд уой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania