филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:16 воскресенье, 14 декабря 2025
27 августа 2025, 10:35
Алы бон дæр национ парк «Алания» бабæрæг кæнынц сæдæгай туристтæ

Сæхимæ сæ лвасынц Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинæдтæ

Алы бон дæр национ парк «Алания» бабæрæг кæнынц сæдæгай туристтæ. Сæхимæ сæ лвасынц Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинæдтæ. Уазджытæн бацæттæ кодтой æмбæлгæ инфраструктурæ. Фæлладуадзæн базæтæ, экологон къахвæндæгтæ, навигацийы ног системæтæ. Ацы хъуыддæгтæ царды рауагътой, национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустрия» æххæст кæнгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Цæгат Ирыстоны æрдз у алæмæты рæсугъд. Уый бæлвырд у æрмæст бынæттон цæрджытæн нæ, фæлæ туристтæн дæр. Æрвылаз нæ республикæйы æрдзы хъæбысы уæвгæйæ, адæм райсынц æхсызгон æнкъарæнтæ. Карина Вороная Ростовæй дыккаг аз ссыд национ парк «Алани»-мæ. Уарзы активонæй æрвитын йæ фæлладуадзæн рæстæг. Уый тыххæй йæ фæфæнды хохаг къахвæндæгтыл ауайын. Каринæйæн æмæ ма бирæ æндæр адæмæн хæхтæ сты, сæ тыхыл тых кæм бафты, ахæм бынат. Æрдзы рæсугъд нывтæм кæсгæйæ сæ ферох фæййынц сæ тыхстдзинæдтæ.

Каринæ йæ хæлæрттимæ бабæрæг кодта Дыгургом. Уым базыдта бирæ цымыдисаг хабæрттæ Цæгат Ирыстоны æрдз æмæ хъæздыг историйы тыххæй. Республикæйы хæхты рæсугъддзинад у, туристты йæхимæ цы тых *лвасы, уый сæйраг аххосаг. Сæ ныхæстæм гæсгæ, дунейы Ирыстонæй зæрдæмæдзæугæдæр бынат нæй.

Сыгъдæг хæххон уæлдæф, фынкдон æхсæрдзæнтæ, кæмтты аив нывтæ. Æрдзы хъæбысы фæллад суадзын æхсызгон у æрмæст хистæртæн нæ, фæлæ сывæллæттæн дæр.

Национ парк «Алани»-йы цæст цæуылдæриддæр *рхæцы, уый дисы *фтауы туристты. Цæгат Ирыстоны хæхтæм Юрий Глушко 20 азы дæргъы аразы экскурситæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы уазджытæ стыр  аргъ кæнынц нæ сыгъдæг уæлдæфæн æмæ æрдзы рæсугъддзинæдтæн.   Æхсызгон сын у, национ парчы атезгъо кæнын алы кары адæмæн дæр фадат кæй ис, уый.

Национ парк «Алани» иу бон бабæрæг кæнынц 500 туристæй фылдæр. Базонгæ вæййынц комы хицæндзинæдтимæ, йæ зайæгойтæ æмæ цæрæгойтимæ. Ис дзы бадæн бынæттæ æмæ асинтæ хæхтæм схизынмæ. Парчы уавæртæй разыйæ баззайынц, йæ фæллад уадзынмæ ардæм чи *рбацæуы, уыцы адæм.

Национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад» æххæстгæнгæйæ национ парк «Алани»-йы фæзынд бирæ ивддзинæдтæ. Ацы аз туризмы къабазы æдасдзинадмæ бафтыдтой ног домæнтæ. Амæй фæстæмæ къахвæндæгтыл абалц кæныны фадат уыдзæн æрмæст  экскурситæ аразджытимæ иумæ. Уый тыххæй фæдзæхст бынаты зонадон кусджытæ архайынц экскурситæ аразынæн бар райсыныл. Парк «Алани», национ проекты архайгæйæ, цы фæрæзтæ райсы, уыдоны руаджы райдыдта цæттæгæнæн куыст фидæны ногдзинæдтæм.

Цæгат Ирыстоны бирæ фадæттæ арæзт ис экотуризмæн – хохаг маршруттæ, экскурститæ æмæ агротуризм. Уый ахъаз у регионы рæзтæн æмæ йын йе *рдзон æвæрæнтæ хъахъхъæнынæн. Национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзондзинад»-ы руаджы национ парк «Алани»-йæн фæуæрæхдæр уыдзысты йæ фадæттæ, æмæ йæ туристты нымæц дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania