31 марта 2014, 11:16
Алы изæр дæр Дзæуджыхъæуы уынгтæм рацæуынц «Спецэкосервис»-ы 8 машинæйы
Дзæуджыхъæуы хъуамæ уа сыгъдæг… Алы изæр дæр Дзæуджыхъæуы уынгтæм рацæуынц «Спецэкосервис»-ы 8 машинæйы. Алы шофырæн дæр ис йæхи маршрут. Бæлвырд фæзуатыл
Дзæуджыхъæуы хъуамæ уа сыгъдæг… Алы изæр дæр Дзæуджыхъæуы уынгтæм рацæуынц «СПЕЦЭКОСЕРВИС»-ы 8 машинæйы. Алы шофырæн дæр ис йæхи маршрут. Бæлвырд фæзуатыл хъуамæ ссыгъдæг кæной фæндæгтæ, бордюрты рæбын цы рыг æмæ чъизи æрæмбырд и, хъуамæ уыдон айсой.
Зымæгон куыстуаты минæвæртты хæс уыд фæндæгтыл реагенттæ пырх кæнын. Ныр фæхъарм æмæ реагентты рыг фæндæгтыл æмæ уынгтыл ныббадт æмæ сæ хъæуы ныхсын.
Ацы аз январы «Спецэкосервис» райста уынгтæхсæн техникæ. Сты аввтоматизацигонд. Сæрмагонд КАМАЗтæ ифтонг сты, гидранты куыст чи бæрæг кæны, ахæм сенсорон монитортæй.
темæмæ гæсгæ




